18мар2020

Дзырды фарн табуйаг у...

18.03.2020   0 927

17-æм мартъийы Беслæны ацыд æрвылазон конкурс «Аив дзырды дæсны-йы муниципалон этап. 2020-æм аз Цытджын Уæлахизы юбилейон аз кæй у, уымæ гæсгæ сценæйæ фылдæр зæлыдысты Ирыстоны зынгхуыст поэтты зæрдæмæхъаргæ рæнхъытæ. Не скъолайæ конкурсы архайдта 11-æм къласы ахуыргæнинаг Колыты Аслæнбег дæр. Аслæнбег адæмы размæ рахаста нæ хъæуккаг поэт-патриот Кочысаты Мухарбеджы æнæмæлгæ æмдзæвгæ «Мæ хæс». Колыйы-фырты раныхас рауад аив æмæ зæрдæмæхъаргæ, уымæ гæсгæ йын конкурсы жюрийы уæнгтæ æмхуызонæй саккаг кодтой фыццаг бынат. Колыты Аслæнбег фыццаг хатт хорзæхгонд не ΄рцыд, цы бирæ конкурсты архайы, уыдоны мидæг. Нæ зæрдæ зæгъы курдиатджын лæппуйæн ног уæлахизтæ!

Добавить комментарий