28дек2012

Мидисджын мадзал

Архив 2366

  27- œм декабыры скъолайы ацыд литературон изœр нырыккон ирон поэт Хъодзаты Æхсары сфœлдыстадмœ гœсгœ «Дзырд ын табуйаг у, рœстдзинад та – тырыса». Бœрœгбон арœзт œрцыд ирон œвзаг œмœ литературœйы ахуыргœнœг Хъараты Фатимœйы разамындœй аивадон – литературон къорд «Дзырды фарн» - имœ.

  Сывœллœттœ дœр œмœ изœры уазджытœ дœр зœрдиагœй байхъуыстой поэт – гражданин Æхсар Кодзатийы зœрдœйы арфœй гуырд œцœг поэтикон уацмыстœм. Æхсары бирœвœрсыг сфœлдыстад абон фаг иртœст нœма у. Уымœ гœсгœ, мадзалœй дзœвгар раздœр 11 – œм къласы ахуырдзаутœ Биганаты Иринœ œмœ Джеллœты Руслан бœстонœй бакуыстой поэты сфœлдыстадон бынтыл. Æмдзœвгœтœ дихгонд œрцыдысты бœрœг циклтыл, œмœ литературон изœр дœр арœзт œрцыд уымœ гœсгœ.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Мадзалы активонœй архайдтой œрмœст къорды уœнгтœ нœ, фœлœ иннœ ахуырдзаутœ дœр 5 – œм къласœй  11 – œм къласмœ (œдœппœтœй 28 адœймаджы).

Литературон изœры уœвджытœ сœ цœст œрœвœрдтой хистœр кълœсты ахуырдзауты аив кастыл (Биганаты И., Джеллœты Р., Хуыгаты Дз., Дулаты Д., Тыбылаты Р., Тыбылаты Б., Мысыкаты А. œмœ иннœтœ).

 

  Сœ хистœртœй дœлдœр не’рлœууыныл бацархайдтой  5 – œм, 6 - œм œмœ 7 – œм кълœсты ахуырдзаутœ дœр. Уыдон кœд нырма цыбыр рœстœг архайынц литературон къорды, уœддœр œмдзœвгœтœ кастысты аив, зœрдœбынœй (Котайты Л., Тотраты А., Тотраты Х., Табуты К., (5 къл.), Булацаты Л., Хœмыцаты К., Дзуццаты В. (6 къл.), Колыты К., Тебиаты Ф., Дзгойты Л. œмœ иннœтœ (7 къл.).

  Мадзалы уœвджытœ стыр разыйœ баззадысты ахуырдзауты архайдœй. Уырыссаг œвзаг œмœ литературœйы ахуыргœнœг Годерзишвили Эльмœ арфœ ракодта сывœллœттœн дœр œмœ сœ разамонœгœн дœр.

Комментарии (0)