20сен2019

Лœгœн лœвœрд ис гуырœнбон œрдзœй...

20.09.2019   0 1172

Ǽгасœй йœ дзыллœйы

Чи скœны кадджын,

Уый мардыл нœ

Нымайынц адœм...

(Дзасохты Музафер)

Ацы аз сæдæ æхсæрдœсгай азтæ сæххæст æртæ легендарон ирон инœларыл: æфсады инæлар, зындгонд хæстон разамонæг, Советон Цæдисы Хъайтар Хетœгкаты Георгийыл, Советон Цæдисы Дыууæ хатты Хъайтар, œфсады инœлар Плиты Иссæйыл œмœ легендарон сгарæг, хæстон разамонæг, Советон Цæдисы ХЪайтар, нæ хъæуккаг Мамсыраты Хаджи-Умарыл. Ацы æртæ адæймаджы сты нæ адæмы œнустœм сœрыстырдзинад, уыдон фœлтœртœн систы мыггагмœ мысинаг...

Ирыстонæн Хаджи-Умар у хъæбатырдзинад æмæ ныфсхастдзинады символ. Йæ диссаджы удыхъæды хабæрттыл ын чингуытæ фæфыстой Зæххы къорийы зындгонддæр фысджытæ, режиссертæ йыл æвæрынц кинонывтæ, поэттæ æмæ йыл композитортæ абоны онг дæр фыссынц зарджытæ, йæ легендарон хæстон хабæрттæ та ирон адæмы æхсæн цæуынц дзыхæй-дзыхмæ. Азæй-азмæ цас фылдæр рæстæг цæуы, уыйас цымыдисагдæр кæнынц нæ зындгонд æмхъæуккаджы хабæрттæ, йæ удыхъæды хицæндзинæдтæ. 50 азæй фылдæр рацыд, Хаджи-Умар йæ цардæй куы ахицæн, уæдæй нырмæ. Фæлæ абон дæр æххæстæй æргомгонд нæма æрцыдысты, ацы зындгонд адæймаг цы сгарæн куыст фæкодта, уымæн йæ æрмæджытæ. Йæ легендарон цардæрфыстæй йын цы зонæм, уый та фаг у, цæмæй йæ ном сызгъæрин дамгъæтæй фыст æрцæуа нæ бæстæйы историйы фæрстыл.

20 сентябры Ольгинскœйы хъœуы культурœйы хœдзары ацыдис œхсызгон мадзал - легендарон инœлар, «булкъон Ксантийы» мысœн изœр. Изæр бацæттæ кодтой 11-æм æмæ 5 «б» кълæсты ахуыргæнинæгтæ сæ разамонджытæ Хъараты Фатимæ æмæ Хуыгаты Маринæимæ. Мадзалмœ сœмбœлд бирœ уазджытœ : Мамсыраты мыггаджы номœй - радио œмœ телевиденийы æнæивгæ диктор Мамсыраты Тасолтан, Хаджумары хистæр чызг Мамсыраты Заретæ, хъæуы æхсæнадон къордты минæвæрттæ Ахъиты Албег, Токаты Тотрадз, хъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзлиаты Таймураз, хъæуы цæрджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ. Мадзалы амонджытæ Колыты Аслан, Хохаты Аслан, Сланты Дианæ æмæ Сокаты Виктория аив ныхасæй æрдзырдтой «булкъон Ксанти» – Мамсыраты Хаджи - Умары легендарон цардвæндагыл. Мадзалы уазджытæ та, уæлдайдæр Хаджумаримæ лæгæй - лæгмæ зонгæ чи уыд, уыдон æрхастой цымыдисаг дæнцæгтæ инæлары æрвылбонон цардæй. Аив музыкæ æмæ зарджытæй мадзал смидисджын кодтой культурæйы хæдзары зарæггæнджыты къорд «Айзæлд»-ы архайджытæ Хететы Станислав, Кæлуты Людмилæ, Дзулаты Зæринæ, Тарханаты Маринæ, Суджаты Тамилæ.

Хаджи -мары хуызœн зондджын æмæ хъæбатыр адœм хъуамœ сœ Фарн œмœ Намыс семœ мœрдтœм ма ахœссой, фœлœ сœ ныууадзой сœ фœстагœттœн, сœ байзœддагæн.

Добавить комментарий