Ирон дæ ды? Уæд дзур, мæ хур, иронау!
Æвзаг у адæмы уд æмæ зонд. Мадæлон æвзаг мады ад кæны.
15майы ирон æвзаг æмæлитературæйы бонмæ скъолайы Рæстæг мæУæвыны Къорд сæ хъомылгæнæг Темыраты Галинæ , музыкæйы ахуыргæнæг Хъулаты Изольдæ æмæ библиотекæйы кусæг Тæтæраты Райæимæ бацæттæ кодтой мадзал «Ирон дæ ды? Уæд дзур, мæхур, иронау!» Æрбахуыдтой рæвдауæндоны сæргълæууæг Туаты Заремæйы, хъомылгæнджытæ Цæллагкаты Ларисæйы, ХъалæгатыЛарисæйы, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Кочысаты Ларисæйы, стæй рæвдауæндоны хистæр къорды. Уыдысты ма дзы ныййарджытæ дæр. Сабитæ кастысты æмдзæвгæтæ нæ рæсугъд ирон æвзаджы тыххæй, сæ курдиат равдыстой зарынæй, кафынæй, сценикон арæхстдзинадæй. Театралон равдыст «Хурбадæны» æвдыст æрцыдысты цалдæр æгъдауы рагон ирон цардæй. ХъомылгæнæгТемыратыГалинæ дæнцæгæн æрхаста Абайты Васойы ныхæстæ: «Æвзæгтæй искæцы куы амæла, уœд йемœ фесœфдзœн адœмыхатт дœр».Кœронбœттœны ма загъта : «Уœдœ ма бауадзœм фесафын, нœ фыдœлтœ нœм œнустыдæргъы цы хæзна, ирон æвзаг, фæхастой, уый. Дзурæмыл, хъахъхъæнæм æй цæстыгагуыйау. Мадæлон æвзаг! Мæлæт дын макуы уæд! Цæр ирон дзырд, ирондзинад!». Мадзалы кæрон сабитæ иумæ загътой: «Æз дæн ирон! Æз дзурын иронау!», стæй уæд рæвдауæндоны саби æмæ РæстæгмæУæвыны Къорды хъомылгæнинаг акодтой ирон кафт.
Добавить комментарий