26дек2018

"Сæ зарæг аскъуыд æрдæгыл..."

26.12.2018   0 1348

Ды дæ мæ цин, мæ цардамонд,

Фыдыбæстæ, дæуæй

Мæнæн зынаргъдæр, адджындæр

Нæ уыдис æмæ нæй!..

Зæронд дуджы цæстысындз,

Ног дугæн цæджындз!

Бахъахъхъæн дæ сæрибар-

Арæнтæм фæтындз!..

Ацы зæрдæбын рæнхъытæ ист сты курдиатджын æдзард поэттæ, нæ хъæуккæгтæ, Кочысаты Мухарбег æмæ йæ хæрзæмгар, йæ сыхаг Белеккаты Харитоны поэзийæ ист.Дыууæ сагсур лæппуйы 1941-æм азы фæцыдысты «ацу æмæ мауал æрцу»-йы фæндагыл хæсты быдырмæ. Уым ахуыссыд сæ зынг, фæлæ сæ бæсты се сфæлдисæг ирон адæмæн ныууагътой сæ зæрдæты цæхæр сæ поэтикон рæнхъыты.

Ацы ахуыры азы фыццаг æрдæг скъолайы литературон иугонд «Дзырдыфарн»-ы уæнгтæ сæ разамонæ гХъаратыФатимæимæ кодтойКочысаты Мухарбег æмæ Белеккаты Харитоны литературон бынтæ иртасыны куыст. Уыцы арфæйаг куысты кæронбæттæн мадзал ссис литературон-мысæн изæр 27-æм декабры «Сæ зарæг аскъуыд æрдæгыл...» Изæры композиции арæзт æрцыд Кочысаты Мухарбеджы æмæ Белеккаты Харитоны пэзийæ, уыимæ Харитоны сфæлдыстадмæ афтæ бæстон цæстæй нырма фыццаг хатт æркастæуыд. Равдыст байгом кодта иугонды разамонæг Хъараты Фатимæ. Уый загъта, зæгъгæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд Ирыстоны фæсивæд, стырæй – чысылæй, сыстадысты æмæ фæраст сты тохы быдырмæ сæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Уыдонимæ бирæ ирон фысджытæ сæ фыссæн систы бæсты райстой хотыхтæ. Никуы ферох уыдзысты Калоты Хазбийы, Кочысаты Мухарбеджы, Баситы æфсымæртæ Дзаххот æмæ Дзамболаты, Елехъоты Мурат æмæ иннæты нæмттæ.

Изæры амонджытæ Колыты Аслан, Хохаты Аслан, Тебиаты Дианæ æмæ Мырзаганты Миланæ базонгæ кодтой мадзалы архайджыты, ацы дыууæ курдиатджын лæппуйы сфæлдыстадæй нырмæ аууоны цы къухфыст уацмыстæ æмæ хæстон фыстæджытæ баззадысты, уыдонимæ. Литературон иугонды минæвæрттæ иттæг аив бакастысты нæ æдзард æмхъæуккæгты зæрдæбын æмдзæвгæтæ, адæмы размæ сын рахастой сæ хæстон фыстæджытæ. Мадзалмæ æрбацæуджытæ федтой, поэттæн мыхуыргонд чи никуыма æрцыд, уыцы къухфыстыты тетрæдтæ дæр. Изæр саив кодта тематикон хъæздыг презентации. Мадзалы кæрон изæры амонджыты курдиатмæ гæсгæ æрбацæуджытæ æдзæмæй алæугæйæ ссардтой æппæт æдзард поэтты рухс ном дæр.

Декабрь. 2018 аз

Добавить комментарий