"Уазæгуаты Нанамæ".
Абон сусæггаг нæу, нæ мадæлон æвзагмæ бинонты æхсæн фаг æргомздæхт кæй нæцæуы, уый. Сывæллон та йæ сабийæ йæ зæрдæмæ куынæ айса, уæдыл, куыбайрæза, уæд йæхи бынтон атигъкæндзæн.
1"а"къласы ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнæгДзлиатыМаргаритæимæ фæсурокты факультативон куысты рæстæг ацыдысты балцы "Уазæгуаты Нанамæ". Балцы рæстæг базыдтой Ирыстоны горæтты æмæ хъæуты нæмттæ. Нана (Дзлиаты М.Т.) радзырдта сабитæн Мад - хохы æмæ Сæнайы хохы равзæрды тыххæй таурæгъ. Сывæллæттæ дæр нæбавгъау кодтой Нанайæн се `ххуыс. Лæппутæ "базылдысты" фосмæ, чызджытæ та хъæдур æмæ нартхор равзæрстой. Уыцы рæстæг Нана æртæ чъирийы рахаста, бацамыдта сын сæ нысаниуæг æмæ сабитæ фæминас кодтой.
Тынг фæцыд сывæллæтты зæрдæмæ сæ балц. Зæрдæ бавæрдтой Нанайæн, уалдзæджы-та йæм кæй æрбацæудзысты,уымæй.
Добавить комментарий