15сен2016

Хъайтары гуырœн бон

15.09.2016   0 1634

15 сентябры 5-œм кълœстœ (сæ разамонджытœ Сланты С.Й. æмœ Джабиты Х.В.) сарœзтой Мамсыраты Хаджумары гуырœн бонмœ цымыдисаг мадзал хъайтары цыртдзœвœны раз. Скъоладзаутœ бœстон радзырдтой Мамсыраты Хаджумары цард œмæ хœстон фœндœгты тыххœй. Сœрыстырœй йын ранымадтой йœ бирœ хорзœхтœ (11 ордены œмœ œнœнымœц майданы). Тынг аив бакастысты ахуырдзаутœ Хаджумары тыххæй œмдзœвгæтœ. Мамыхъаты А, Дзангуыбеккаты А, Хъалœгаты М. œмœ Тетырмазты З. та ирон кафт акодтой. Уый фœстœ Хаджумары цыртдзœвœныл сœвœрдтой дидинджытœ. Мадзалы кœрон та бабœрœг кодтой скъолайы музей. Библиотекœйы кусœг Тœтœраты Р. ма сын радзырдта бирœ цымыдисаг хабœрттœ хъайтары цардœй, фенын сын кодта йœ документтœ, йœ бинонты къамтœ, дзуапп сын радта сœ фарстатœн.

Добавить комментарий