26фев2016

Темӕ «Сӕрмагонд ӕмӕ иумӕйаг номдартӕ»

26.02.2016   0 2685

ГОМ УРОК ИРОН ӔВЗАГӔЙ

Темӕ «Сӕрмагонд ӕмӕ иумӕйаг номдартӕ»

Бацӕттӕ йӕ кодта Дзулаты Ф.Х., райдиан кълӕсты ахуыргӕнӕг

2016 аз

Нысӕнттӕ : 1. Базонгӕ кӕнын сӕрмагонд ӕмӕ иумӕйаг номдартимӕ,

сӕ хицӕндзиндтимӕ.

2. Сӕрмагон ӕмӕ иумӕйаг номдарты растфыссынадыл бакусын.

3. Ӕрдзурын транспорты хидарӕны ӕгъдӕуттыл.

Урочы цыд:

І Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.

ІІ Сыгдӕгфыссынад. ( Дамгъӕтӕ Т т)

ІІІ Дзырдуатон куыст:

-Цавӕр фарстатӕ домынц ацы дзырдтӕ? (Домынц фарстатӕ чи? цы?)

- Цавӕр ныхасы хай сты? (Сты номдартӕ)

- Цы у номдар? (Предметты нӕмттӕ цы дзырдтӕ ӕвдисынц, уыдон хуыйнынц номдартӕ)

ІV Ног темӕ:

1. - Дзырд Тамарӕ стыр дамгъӕйӕ цӕмӕн ныффыстой? (У сӕрмагонд дзырд)

- Нӕ абоны ног темӕ цы хуыйны? (Нӕ темӕ у сӕрмагонд ӕмӕ иумӕйаг номдартӕ)

- Цы хъуамӕ базонат? (Хъуамӕ базонон сӕрмагонд ӕмӕ иумӕйаг номдартӕ,

сӕ хицӕндзиндтӕ; зонон сӕ растфыссынад)

2. Хъазт «ССар къай»

- Лӕвӕрд дзырдтӕн галиу цӕджындзы ссар сӕ къай рахиз цӕджындзӕй.

- Кӕрӕдзийы куыстытӕ сбӕрӕг кӕнут.

- Цы уын дзы рауад? (Рауад дзы дзырдбӕстытӕ) Сӕ иуимӕ дзы саразут хъуыдыйад.

-Куыд фыст ӕрцыдысты рахиз цӕджындзы дзырдтӕ? (Фыст сты стыр дамгъӕйӕ)

Цавӕр номдартӕ сты? (Сты сӕрмагонд дамгъӕтӕ)

3. – Саразӕм раиртӕст.

- Байгом кӕнӕм нӕ чингуытӕ ӕмӕ нӕ раиртӕст чиныджы раиртӕстимӕ абарӕм.

- Цы фысдзыстут стыр дамгъӕйӕ? (Стыр дамгъӕйӕ фысдзыстӕм адӕймаджы, цӕрӕгойы, горӕты, доны,хъӕуы,бӕстӕйы, республикӕйы ном)

V Улӕфты рӕстӕг.

-Ӕз дзурдзынӕн номдартӕ. Иумӕйаг номдар куы фехъусйт, уӕд ӕрбад, сӕрмагонд номдар куы фехъусай, уӕд та гӕпп кӕн.

Пушкин, горӕт, Гино, газет, халон, Алыксандр, гӕды, Къоста.

VІ Темӕ бафидар кӕнынӕн.

Хъазт «Балц горӕт Дзӕуджыхъӕумӕ» (кӕсӕм космосӕй картӕмӕ)

- Сбадӕм автобусы ӕмӕ ацӕуӕм дард балцы.

- Куыд дарын хъӕуы хи автобусы?

- Цӕуӕм скъолайы цурӕй. Не скъола кӕцы уынджы ис? (Не скъола ис Суджаевӕйы уынджы)

- Уынг хи барӕй нӕ вӕййы. Кӕцы хъӕуы ис ацы уынг? (Уынг ис хъӕу - Ольгинскӕйы)

- Цавӕр хъӕутыл ма сӕмбӕлдзыстӕм нӕ фӕндагыл? ( Чермены хъӕуыл, Донгӕроныл ӕмӕ)

- Схӕццӕ стӕм горӕт Дзӕуджыхъӕумӕ – нӕ республикӕ Цӕгат Ирыстоны сайраг горӕтмӕ.

- Цавӕр дамгъӕтӕй фысдзыстут уынджы, горӕтты, республикӕйы ӕмӕ хъӕуты нӕмттӕ? ( Стыр дамгъӕтӕй)

- Цавӕр номдартӕ сты? (Сты сӕрмагонд номдартӕ)

VІІ Урочы кӕрон.

- Цы базыдтай ногӕй номдарты тыххӕй?

VІІІ Хӕдзармӕ куыст:

Добавить комментарий