14мая2016

«Театр - йеʼнусон уарзон»

14.05.2016   0 1775

Ахӕм номимӕ Ирыстоны национ музейы филиал «Къостайы хӕдзар-музей»-ы ацыд ӕхсызгон ӕмӕ цымыдисаг мадзал - ирон драматурги ӕмӕ национ театры бындурӕвӕрӕг Брытъиаты Елбыздыхъойы райгуырды 135 азы бонмӕ юбилейон мысӕн изӕр.

Изӕрмӕ хуынд ӕрцыд не´скъолайы литературон къорд «Дзырды фарн» дӕр (йӕ разамонӕг Хъараты Фатимӕ).

Къорды уӕнгтӕ бацӕттӕ кодтой цыбыр раныхас, Елбыздыхъо нӕ хъӕу Ольгинскӕимӕ цы рӕстӕг баст ӕрцыд ирон театрӕн бындур ӕвӕргӕйӕ, уыцы арфӕйаг периоды тыххӕй йӕ царды, ӕмӕ бацӕттӕ кодтой дыууӕ скъуыддзаджы йӕ ӕнӕмӕлгӕ пьесӕтӕй «Уӕрӕседзау» ӕмӕ «Дыууӕ хойы».

Уӕрӕседзау Муссӕйы фӕлгонц арӕхстджынӕй сарӕзта 6-ӕм къласы ахуыргӕнинаг Боцуаты Аслан, кӕцы раргом кодта, йӕ фыдыуӕзӕгӕй Уӕрӕсемӕ цы ӕрыгон лӕппу фӕцыд ӕмӕ йӕ ирон удыхъӕды хорздзинӕдтӕ уым чи ныууагъта, уый ницӕйаг фӕлгонц. Ирон ӕгъдауы ахадындзинад нӕ царды раргом кодтой Хохаты Аслан, Колыты Аслан (7 кълас), Дзуццаты Вадим ӕмӕ Хӕмыцаты Хъазыбег (9 кълас). Ацы уацмысы автор зӕрдиагӕй катай кӕны ирон ӕгъдау ӕмӕ ӕвзаджы сыгъдӕгдзинадыл, ӕмӕ уый равдисын хорз бантыст ахуырдзаутӕн.

Драмӕ «Дыууӕ хойы» йӕ ныффыстӕй абоны бонтӕм нӕма ӕрхызт ирон театры сценӕйӕ, уымӕн ӕмӕ дзы цы ирон патриархалон цардыуаджы кой кӕны автор, уый талынг кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ ласта нӕ адӕмы цард.

Дыууӕ хойы Асиат ӕмӕ Хансиаты фӕлгонцтӕ аивӕй саразыныл бацархайдтой Котайты Лолитӕ ӕмӕ Тотраты Аминӕ (8 кълас). Сӕртӕг Буцӕ ӕмӕ йӕ œлгъитаг мад Мусоны сурӕттӕ сарӕзтой Тотраты Хӕсанӕ ӕмӕ Хӕмыцаты Светланӕ (8 кълас). Хивӕнд ӕмӕ чъынды Тӕтӕрхъаны ролы та ахъазыд Жукаты Олег (9 кълас). Къорды равдыстӕн аккаг амонджытӕ уыдысты Баймӕтаты Иринӕ œмœ Тыбылаты Каринӕ, кӕцытӕ сӕ ирон ныхасы аивдзинадœй дисы бафтыдтой мадзалы уазджыты: ЦИПУ-йы Ирон филологийы факультеты декан Хозиты Барисы, Ирыстоны сгуыхт артисткӕ Рӕмонаты Ритӕйы, журналисттӕ Гӕззаты Иринœйы, Соттиты Риммӕйы ӕмӕ иннӕты.

Мадзалы кӕрон йӕ саразджытӕ зӕрдылдарӕн лӕварӕй, Къостайы уацмысты фондз томы ӕмбырдгондӕй, балхӕдтой сыввӕллӕтты ӕмӕ сӕ разамонӕджы зӕрдӕтӕ.

Къаддœр цымыдисаг нœ уыд сœ дарддœры балц ахуырдзаутœн: стыр зœрдиагœй сыл сœмбœлдысты иннœ арфœйаг бынаты, цытджын инœлар, Советон Цœдисы Дыууœ хатты хъайтар, Монголы адœмон республикœйы хъайтар, Плиты Иссœйы хœдзар-музейы. Ацы музейы не скъоладзаутœ фыццаг хатт кœй нœ уыдысты уазœгуаты, уымœ гœсгœ сын йœ кусджытœ сарœзтой лœвар экскурси, 9-œм маймœ дзы цы ног экспозици арœзт œрцыд, уый бындурыл. Дисгœнгœйœ кастысты сывœллœттœ Иссœйы бирœ хœстон хорзœхтœм, œфсымœрон монгойлаг адœм бузныджы охыл цы бирœ алыхуызон дзауматœ балœвар кодтой нœ разагъды инœларœн, уыдонмœ. Кœронбœттœны фысымтœ œмœ уазджытœ сœ арфœйы ныхœстœ загътой кœрœдзийœн.

Добавить комментарий