25сен2013

Лæгæн лæвæрд ис гурæн бон æрдзæй, куы уа хъæбатыр, амæлæн ын нæй!

25.09.2013   0 2402

Рацæудзæн дæсгай азтæ, æнустæ, фæлæ Уæрæсейы зынгзæрдæ патриот, сгарæг æмæ æфсадхоны, Уырысы зæххы æхсарджын æмæ сахъ хæстоны ном цæрдзæн йæ фæстæйы фæлтæрты зæрдæты, сæ хъуыдыйы. Мамсыраты Хаджийы тыххæй фыст æрцæудзæн ног чингуытæ, скæндзысты йыл ног зарджытæ. Уый аккаг кæй у, уый равдыста йæ æппæт цардæй.


Добавить комментарий