20мар2015

Уазæгуаты Нанамæ

20.03.2015   0 2231

Тæргæйтты мæйы æвддæсæм бон 1 «А» æмæ 1 «Б» кълæсты ахуырдзаутæ «ацыдысты» балцы «Уазæгуаты Нанамæ». «Фæндагыл» цæугæйæ сывæллæттæ сæ зæрдыл æрлæууын кодтой Ирыстоны горæтты , хъæуты æмæ дæтты нæмттæ. Равдыст цыди хъазты хуызы. Йæ нысан уыди сывæллæтты адæмон сфæлдыстадимæ базонгæ кæнын, хистæртæн æгъдау дæттын, куыстуарзондзинад хъомыл кæнын, райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад рæзын кæнын. Скъоладзаутæ Нанайæн радзырдтой сæ райгуырæн хъæу Ольгинскæйы тыххæй. Нана та сын радзырдта Мады хох æмæ Чызджыты хохы тыххæй таурæгътæ.Уый фæстæ лæппутæ аххуыс кодтой Нанайæн «фосмæ» базилын, чызджытæ-та равзæрстой дыргътæ æмæ халсартæ, хъæдур æмæ пырындз. Стыр бузныг фæци Нана йæ уазджытæй æмæ сæ сбуц кодта дзаджджын картофджынтæй æмæ дыргъты донæй. Ноджы ма сын радзырдта æртæ чъирийы нысаниуæг. Чысыл хæлæрттæ сæ зæрдыл бадардзысты ацы цымыдисаг балц.

Добавить комментарий