20дек2024

Ирыстоны хъайтары ном нæ сæфы…

20.12.2024   0 11

Абон нæ бæстæйы мингай бинонтæ æнхъæлмæ кæсынц сæ хъæбултæм, се `фсымæртæм,сæ сæрыхицæуттæм, кæцытæ удуæлдай тох кæнынц, Украинæйы кæддæры æрдхæрæны зæххыл фашизм цы æвирхъау æвзартæ суагъта, уыдонимæ. Не `ппæтæн дæр не `ргом здæхт у телевизортæм æмæ газеттæм.Зæрдæрыстæй æнхъæлмæ кæсæм хуыздæр хабæрттæм Украинæйы зæххыл тохы быдыртæй.

Æнгомæй æрлæууыдысты залиаг калм-фашизмы ныхмæ Уæрæсейы адæм. Уыдонимæ иумæ сæ хæс æххæст кæнынмæ фæцыдысты нæ хъæуккаг лæппутæ æвдайæ. Касаты Виталий, Малиты Инал, Сланты Батрадз, Зыгъуытаты Чермен æмæ Абайты Давид фæцыдысты «ацу æмæ мауал æрцу»-йы фæндагыл. Хъæбатырæй фæмардысты фашизмы хъузæттимæ тохы. Равдыстой ныфс æмæ лæгдзинад.

Сентябрæй декабры онг Районы администрации æмæ Сылгоймæгты советы хъæппæрисæй хъæуты ацыдысты мысæн изæртæ зынгхуыст лæппуты номыл. Хъæуы Культурæйы хæдзары ахæм мадзал ацыд 11 декабры. Бацæттæ йæ кодтой культурæйы хæдзары æмæ скъолайы хихæппæрисадон къордтæ. Цæттæгæнæн куысты ахсджиаг хайад райстой скъола, культурæйы хæдзар æмæ хъæуы администрациты уæнгтæ. Сценари æмæ равдыстыл зæрдиаг куыст бакодтой скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуырæнæг Хъараты-Джеллыты Фатимæ æмæ культурæйы хæдзары режиссер Бæцæзаты Индирæ. Зынгхуыст лæппуты номарæн баннер хи фæрæзтæй сарæзта Проектон институты генералон директор, нæ хъæуккаг меценат, Дзгойты Æхсарбег. Кæд лæппуты ныййарджытæ æмæ хионтæ цæстысыгимæ сæмбæлдысты мадзалыл, уæддæр зæрдæфидар уыдзысты, сæ зынгхуыст хъæбулты рухс нæмттæ сæ фæстагæттæй мыггагмæ рох кæй нæ уыдзысты…

Добавить комментарий