Ме стыр мад-Фыдыбæстæ, Уæрæсе…
Нымадæй афæдзы размæ æнæкæрон æхсызгон хабар æрцыдис Донбасс, Херсон æмæ Запорожийы адæмы царды: 2014-æм азæй 2022-æм азмæ неофашизмы къухæй цы бирæ æфхæрдтытæ баййæфтой, уыдонæй фервæзтысты. Афæдзы размæ æртынæм сентябры, боны æртæ сахатыл, Кремлы фидаргонд æрцыд бæлвырд бадзырд, Уæрæсейыл ног зæххытæ æфтыд кæй æрцыд, уый фæдыл.Уыцы историон бадзырды бын сæ къухтæ бафыстой, неофашисттæй уæгъдгонд чи æрцыд, уыцы сæрибар регионты сæргълæуджытæ æмæ Уæрæсейы президент Владимир Путин.Абон мах дæр Уæрæсейы иннæ сæдæ нациимæ иумæ арфæ кæнæм Донбасс, Херсон æмæ Запорожьейы ныфсджын адæмæн се стыр боны фæдыл. Нæ зæрдæ сын зæгъы фидар зондахаст æмæ фидар удыхъæд.
Ацы хабæртты фæдыл æртынæм сентябры не скъолайы ацыдис ахсджиаг мадзал: сбæрæг кодтам, Уæрæсейыл ног регионтæ кæй бафтыд, уыцы зæрдылдарæн бон. Мадзалыл зæрдиагæй бакуыстой хистæр кълæсты ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнджытимæ. Мадзалы уæвджытæ зæрдиагæй байхуыстой æрмæгмæ æмæ дзы сæхицæн аккаг хатдзæгтæ скодтой.
Добавить комментарий