21мар2014

Уæлахизимæ фæзындысты

21.03.2014   0 2250

Ирон æвзаг - нæ царды бындур

20-м мартъийы Беслæны 3-æм скъолайы уазæгуаты сæмбæлыдысты районы скъолаты ирон аив дзырды дæснытæ, 8-11 кълæсты ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнджытæ æмæ районы ахуырады управленийы минæвæрттæ. Сæ нысан уыд – хуыздæр, аивдæр, зæрдæргъæвддæрæй æмдзæвгæ чи радзура, уый сбæрæг кæнын. Скъоладзаутæ архайдтой ерысæй.

Æркасты домæнтæ уыдысты: архайæг хъуамæ аив бакæса поэтикон уацмыс ирон æгъдау, æфсарм æмæ нæ удварны хæзнатыл фыст темæтыл.

Мадзалы архайдтой не′скъолайы ахуыргæнинæгтæ дæр, аив дзырды дæсныдæртæ Тыбылаты Б, Мысыкаты А. (11 къл.), Хæмыцаты Д. (10 къл.), Колыты.К., Дзгойты Л.(8къл.).

Ирон æвзаг нæ мæсыг кæй у, нæ бындур, цард æгъдауæй рæсугъд кæй кæны, хистæрæн аргъ кæнын кæй хъæуы, уарзондзинад адæймагыл базыртæ кæй садзы, ныййарæг мад, Фыдыбæстæ зынаргъ кæй сты, уыдæттæ ирдæй æвдыст æрцыдысты сценæйыл.

Кæронбæттæны жюрийы уæнгтæ ерысы архайджытæн сæ арæхстдзинадæн аргъ скодтой. Хуыздæртыл нымад чи æрцыд, уыдоны æхсæн уыдысты не`скъолайы ахуыргæнинæгтæ: 1 – аг бынæттæ бацахстой Тыбылаты Бимболат æмæ Дзгойты Лизæ, 3 аг бынат та Колыты Кристинæ.

Бимболат æмæ Лизæ æрвыст æрцыдысты нæ районы кад республикон æркасты 28 мартъийы хъахъхъæнынмæ. Уыцы ран дæр та Тыбылаты Бимболат уæлахизимæ æрцыд. Уый Республикон æркасты бацахста 2-аг бынат æмæ хорзæхгонд æрцыд грамотæйæ æмæ зæрдылдарæн лæварæй.

Добавить комментарий