29дек2022

Йæ уды дзæнгæрджытæ - зæрдæйы тæгтæ…

29.12.2022   0 182

Хæцæнгарзæй зæдбадæнты кæм дзурынц,

Лæгмæрдтæ аргъуанты кæм цæуы,

Цъæх артæй кувæндон кæм бавæййы æвзалы,

Уым хæйрæг царды бартæ райста

Æмæ дзы фарн агурæн нæй!

О Сфæлдисæг!

Кæд нæ бынтон фесафын нæй дæ зæрды,

Кæд ма дæм исты ныфс нæ фервæзынæн ис,-

Сæрсæфæнмæ фæндагыл

Рæдыд дзыллæты ма ауадз сæхи бар.

Ныфсы цæхæр сæ мæгуыр удты бауадз:

Куырмæн-цæстырухс, хъустæ радт къуырмайæн,

Æмæ ма кæд ыслæууид раст фæндагыл цард!

Ацы зæрдæбын æмæ æргом ныхæстæ сты, йæ ахадгæ сфæлдыстадæй нæ Ирæн зæрдиаг лæггад чи кæны, уыцы курдиатджын поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, нæ хъæуккаг Касаты Батрадзы æмдзæвгæйæ ист.

Æрæджы Батрадзæн мыхуыры рацыд ног æмбырдгонд, «Уды дзæнгæрджытæ», зæгъгæ. Уый фæдыл . сæ арфæйы ныхас нæ зындгонд æмзæххонæн загътой литературон иугонд «Дзырды фарн»- ы уæнгтæ. 29 декабры скъолайы арæзт æрцыд литературон изæр «Йæ уды дзæнгæрджытæ-зæрдæйы тæгтæ», зæгъгæ, ахæм номимæ. Мадзалы уæвджытæ аргъ скодтой поэты лирикæйæн. Уæлдай арф зæдæйы уагимæ ахуырдзаутæ кастысты граждайнаг темæйыл фыст æмдзæвгæтæ. Нæ ферох кодтой, поэтæн уарзондзинады темæйыл цы зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæты цикл фыст æрцыд, уый дæр. Раргом кодтой мады темæ дæр поэты бирæвæрсыг лирикæйы. Мадзал ацыд бæрзонд æмвæзадыл.

Добавить комментарий