19сен2022

Æрдхœрœны Ксантийы мысгœйœ…

19.09.2022   0 188

12-18-œм сентябры не скъолайы ацыд легендарон сгарœг, Советон Цœдисы Хъœбатыр, нœ хъœуккаг, Мамсыраты Хаджи-Умары œрвылазон мысœн къуыри. Къуырийы дœргъы ахуырдзаутœ хъуыстой не `мзœххоны сгуыхты хабœрттœм, архайдтой викторинœтœ œмœ брейн-рингты, бабœрœг кодтой се сгуыхт œмхъœуккаджы музей.15 сентябы 7-8-œм кълœсты ахуырдзаутœ дидинджытœ сœвœрдтой скъолайы кœрты Хаджи-Умары цыртдзœвœныл œмœ Æфсымœрон ингœныл.

Ирыстонœн Хаджи-Умар у хъœбатырдзинад œмœ ныфсхастдзинады символ. Йœ диссаджы удыхъœды хабœрттыл ын чингуытœ фœфыстой Зœххы къорийы зындгонддœр фысджытœ, режиссертœ йыл œвœрынц кинонывтœ, поэттœ œмœ йыл композитортœ абоны онг дœр фыссынц зарджытœ, йœ легендарон хœстон хабæрттœ та ирон адœмы œхсœн цœуынц дзыхœй – дзыхмœ. Азœй – азмœ цас фылдœр рæстæг цœуы, уыйас цымыдисагдœр кœнынц нœ зындгонд œмхъœуккаджы хабœрттœ. 50 азœй фылдœр рацыд , Хаджи-Умар йœ цардœй куы ахицœн, уœдœй нырмœ. Фæлæ абон дæр œххœстœй œргомгонд нœма œрцыдысты, ацы зындгонд адœймаг цы сгарœн куыст фœкодта, уымœн йœ œрмœджытœ.

Ирон адœмы хъœбатырдзинадыл дзургœйœ, газет «Правда» 1944 азы фыста:

«Ирыстоны хъœбултœ гитлерон фашизмы ныхмœ тохы равдыстой стыр лœгдзинад, стыр ныфс œмœ хъœбатырдзинад». Уымœй ма стырдœр œмœ хуыздœр цырт цы уа нœ хæстон фыдæлтœн! Махœн, ольгинскœйœгтœн, та уœлдай œхсызгондœр уый у, œмœ ацы ныхœстœ райдианæй кœронмœ œнœдызœрдыгœй ахœсгœ сты, œрвылаз дœр сœрыстырœй кœй мысœм, нœ уыцы œмхъœуккаг Мамсыраты Хаджи-Умармæ.

Добавить комментарий