23янв2014

Радон ӕхсызгон фембӕлд

23.01.2014   0 2438

23 январы скъолайы ацыдис цымыдисаг радон мадзал: ахуырдзаутимӕ фембӕлдысты районы ветеранты Советы сӕргълӕууӕг Габеты Семен, Ӕппӕтдунеон ӕхсӕнадон змӕлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Рахизфарсы хайады сӕргълӕууӕг Томайты Савелий ӕмӕ районы сылгоймӕгты Советы хицауы хӕдивӕг Бургалаты Заремӕ.

Уазджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕн бацайдагъ зӕрдиаг ныхас, йӕ рӕстӕджы йӕ районӕн, йӕ хъӕуӕн стыр ном чи скодта, уыдоны тыххӕй. Сӕрыстыраг у, Рахизфарс Фыдыбӕстӕйы хӕсты рӕстӕг Советон Цӕдисы 10 хъайтары кӕй радта нӕ бӕстӕйӕн, уый. Уыдонӕй дыууӕйӕ сты нӕ хъӕуккӕгтӕ. Ныхас ма ӕрцыдис ууыл дӕр, ӕмӕ хӕсты дуджы хӕцӕгӕфсадӕй къаддӕр фыдӕбон уӕлахизы номыл нӕ бакодтой, хӕстӕн йӕ фӕсчъылдым чи куыста, уыдон дӕр. Ольгинскӕйы цӕрджытӕй бирӕтӕ нӕ бацауӕрстой сӕхи ӕхцайы фӕрӕзтыл дӕр, ӕмӕ сӕ фервыстой Ӕфсадӕн.

1945 азы нӕ хъӕумӕ Уӕлахизы тырыса цы 219 адӕймаджы схастой, хъыгагӕн, абон не׳хсӕн иу дӕр нал ис. Фӕлӕ сӕ ном никӕмӕй у рох.

Уазджытӕ зӕрдиагӕй фӕсидтысты кӕстӕртӕм, цӕмӕй ирондзинад, хъӕуы фарн рох ма кӕной ӕмӕ царды фӕзмой Гӕздӕнты Азан, Гӕздӕнты Булат, Касаты Батрадз, Алыккаты Руслан ӕмӕ ма уыдоны хуызӕн ӕвзыгъд ӕмхъӕуккӕгты. Хорз ахуыр кӕнын, бинонты ӕмӕ мыггаджы ном ма чъизи кӕнын – уыдӕттӕ сты ирон лӕгмӕ фыццагдӕр домӕнтӕ, ӕмӕ сӕ цӕмӕй царды дарддӕр хӕссой, ууыл дӕр ныхас цыдис кӕстӕртимӕ.

Фӕзминаг хистӕртимӕ фембӕлд ахуырдзауты зӕрдӕтӕм арф кӕй ныххызт, уый бӕрӕг уыд 11–ӕмкъласон Тыбылаты Бимболаты арфӕйы ныхасӕй уазджытӕн.

Фембӕлды кӕрон скъолайы сӕргълӕууӕг Тебиаты Батраз загъта, хъомыладон фарста ӕппӕтӕй ахъаззагдӕр кӕй у абоны царды, уый. Ахӕм фембӕлдтӕ ноджы арӕхдӕр хъуамӕ конд цӕуой дарддӕр дӕр фӕсивӕдимӕ.

Добавить комментарий