02мая2013

Сыгъдагдзинад – уды фарн

Архив 2414

Ацы ахсджиаг фарстайыл ныхас æрцыдис администрацийы сæргълæууæг Хæмыцаты Руслан, хъæуы хистæр фæлтæры минæвæрттæ Кокайты Созыр, Калманты Алик æмæ хистæр кълæсты ахуырдзауты æхсæн. Ахæм фембæлдтытæ не скъолайы традицион сты. Хистæртæ сабитимæ бирæ ахсджиаг хъуыддæгтыл фæныхас кæнынц: ирон æгъдау æмæ фарныл, хи дарыны фæткыл, хистæртæн аргъ кæныныл.

 


Хъæуы сыгъдæгдзинад ацы фæстаг рæстæг æрцыд æвзæр уавæрмæ. Уый алчидæр уыны, фæлæ йыл архайæг уыйас нæй. Хист€æрты хъуыдымæ гæсгæ, сыгъдæгдзинад райдайы, сабитæ ууыл куыд зæрдиагæй ахуыргонд цæуынц, уымæй, æмæ уымæ гæсгæ фæсидтысты кæстæр фæлтæрмæ , цæмæй хъæуы сыгъдæгдзинадыл риссой, архайой æмæ кæрæдзийæн дæр уайдзæф кæной.

 

Сывæллæттæн дæр сæ фылдæр куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц ацы хъуыддагмӕ. Сӕвзæрыдис сæм бирæ фæрстытæ нæ цæугæдоны чъизидзинады тыххӕй, нӕ сӕрвӕты уавӕры тыххӕй. Скъолайы директор Тебиаты Батраз басидтис сывӕллӕттӕм, цӕмӕй сӕ алчидӕр сыгъдӕгдзинадыл кусын райдайа йӕхицӕй, хионы цӕстӕй кӕса скъолайы мулкмӕ, хӕдзармӕ  фӕндагыл йӕхи  дарын зона, дуканийӕ цы хӕринӕгтӕ исы, уыдонӕн сӕ тыхтӕттӕ кӕмфӕнды ма ӕппара. Æхсызгон уыдис сеппӕтӕн дӕр, хистӕртӕ ӕмӕ кӕстӕртӕ иу хъуыдымӕ, иу хатдзӕгмӕ кӕй ӕрцыдысты, уый.


Комментарии (0)