01мар2013

Зондабиты бон

Архив 2661

Мадæлон æвзаг хæххон суадонау у сыгъдæг, ирд, рæдау æмæ цæстуарзон ныййарæгау. Хъœздыг œмœ бирœвœрсыг у ирон адœмон сфœлдыстад. Арф хъуыды æвæрд ис æмбисæндты дунейы. Æнæ ивгъуыдæй абон нæй, æнæ абонæй - фидæн, æмæ, тымбыл ирон фынгау, фыдæлтыккон æмбисæндтœ ныры ирон дзыллæйæн, хуыздæр фидæнмæ тырнгæйæ, сты æмзонд, æмвæнды хос.

  Беслæныхъæуы Культурæйы галуаны районы ахуырады управленийы ирон æвзаджы медотист Хъуысаты Эммæйы хъæппæрисæй арæзт æрцыд, мадæлон æвзаджы бæрæгбон схонæн кæмæн ис, ахæм мидисджын мадзал. «Зондабиты къуым»- интеллектуалон хъазты Заманхъул æмæ Ольгинскæйы скъоладзаутæ хъуамæ равдыстаиккой сæ зонындзинæдтæ ахæм темæйæ: «Балц æмбисæндты дунемæ».

  Заманхъул æмæ Ольгинскæйы командœтœ «Фидæн» œмœ «Хæзнадон» бацыдысты «карз тохы». Алчидæр дзы йæ фидар æмæ арф зонындзинæдты фæрцы архайдта фæуæлахиз уæвыныл. Ныхмæлæууæг къордтæ сæхи бæстон бацæттæ кодтой ацы мадзалмæ. Ам зæгъын хъæуы уый, æмæ дыууæ скъолайы ахуырдзаутæй дæр уыдис, бæрæгбон зæрдæмæдзæугæ, бæрзонд æмвæзадыл кæй руаджы ацыд, ахœмтœ. Уыдон уыдысты œвдœм къласы œвзыгъд фœсивœд Цорœты А., Дзгойты Л., Колыты К., Цомартаты Дз., Гœздœнты Б. œмœ иннœтœ. Сœ разамонœг Кочысаты Ларисœ.

  Кæронбæттæны Хъуысаты Эммæ стыр арфæ ракодта, равдыстыл чи бафыдæбон кодта, уыдонæн, бузныг загъта скъоладзаутæн, мадæлон æвзагыл стырзæрдæ кæй не сты, сæ зонындзинæдтæ кæй раргом кодтой, уый тыххæй. Ныфс дзы кœй ис, дарддæр дæр йæ парахат кæныныл кæй архайдзысты æрмæст скъолайы нæ, фæлæ бинонты `хсæн, æхсæнады дæр. Амонæг та аив бакаст Хъодзаты Æхсары æмдзæвгæ:

Ирон æвзаг! Мæ зœнджы хай, мæ арт!

Æрттив, æхсид æнусбонтæм æгасæй.

Дæ цæрайæ, дæ рухс æмæ дæ тасæй

Цæрдзынæн æз æмæ хæрдзынæн ард!

Комментарии (0)