18окт2012

Наш Коста

Архив 2651

Кœфты мœйы 12-18 бонмœ не скъолайы ацыд Къостайы мысœн къуыри. Ацы аз ирон адœмы генийыл сœххœст 153 азы. Уый фœдыл ирон œвзаг œмœ литературœйы методикон иугонд сарœзта бœлвырд пълан œмœ куыст цыдис бœрœг фœткыл.

Æппœт кълœсты дœр сœ разамонджыты хъœппœрисœй ацыдысты мадзœлттœ (беседœтœ, викторинœтœ, лекцитœ). Уымœй уœлдай 2-7 кълœсты арœзт œрцыд нывты конкурс-равдыст темœмœ гœсгœ. Нывтœн сœ фылдœр уыдысты иллюстрацитœ Къостайы уацмыстœм. Арœхстджындœр сывœллœттœ ма пластилинœй сарœзтой Къоста œмœ йœ хъайтарты скульптурœтœ дœр.

 

7-œм кълœстимœ арœзт œрцыд викторинœ «Куыд зонœм Къостайы».  1-11-œм къласы онг ацыд традицион конкурс «Аив дзырды дœсны» Къостайы темœйыл. Конкурсы жюри хуыздœртыл банымадта 1-4 кълœсты œхсœн Тотраты Дзамболаты, Хуыбаты Арнеллœйы, Тыбылаты Лерœйы. 5-8кълœсты œхсœн Дзгойты Лизœйы, Свинаидзе Греттœйы, Тотраты Аминœйы. 9-11 къласонты œхсœн та Джеллыты Русланы, Тыбылаты Бимболаты, Мысыкаты Асланы œмœ Хуыгаты Дзерассœйы.

Къуырийы кœронбœттœны мадзал уыд брейн-ринг 10-11 къласонты œхсœн «Къоста œмœ йе сфœлдыстад» œмœ скъолайы литературон къорды гом мадзал «Вокруг Коста».

Комментарии (0)