26мая2012

В добрый путь и в добрый час!

Архив 3340

Олгинскæйы скъолайы цины бæрæгбон

Алы аз дæр скъоладзаутæ тынг зæрдиагæй фенхъæлмæ кæсынц 25 маймæ. Æмæ та ныр дæр рауагъдонтæ хъæлдзæгæй рахызтысты скъолайы кæртмæ сæ разамонæг Дзусаты Ельдæйымæ. Бæрæгбон уыд цымыдисаг, уымæн æмæ арæзт уыд æрмæст ирон æвзагыл.

Тынг зæрдиагæй йыл бакуыстой 8 – æм къласты разамонджытæ Гæздæнты Ларисæ æмæ Дзампаты Альбинæ. Уыдон райдайæнæй кæронмæ сценарий дæр сæхæдæг сарæзтой.

Уыдон райдайæнæй кæронмæ сценарий дæр сæхæдæг сарæзтой.

Раздæры рауагъдон Дзантиаты Светæ сын азарыд «Ирон вальс» æмæ скъолайы  кæрты кафт стынг. Сæ уындæй адæймаджы зæрдæ рухс кодта. Рæсугъд ныхæстæ сын загътой 8-æм æмæ 1-аг кълæсты скъоладзаутæ сæ литературон – музыкалон композицийы.

Арфæтæ ма райстой хъæуы администрацийы сæрлæууæг Хæмыцаты Русланæй, районы администрацийы минæвар Дзгойты Владимирæй, стæй сæ фыццаг ахуыргæнæг Дзулаты Фатимæйæ. Фатимæ мА сын скодта æнахуыр лæвар – фыццæгæм къласы фыццагдæр цы контролон куыстытæ ныффыстой, уыдон сын  ныр радта. Ныййарджыты номæй та сын раарфæ кодта Азнауыраты Фатимæ.

Уый фæстæ райхъуыст «Ханты цагъд» æмæ мæнæ бæрæгбонмæ æрбахызтысты хъæуы хистæртæ Кокайты Созыри, Дзампаты Хъантемыр æмæ Дзары лæг Токаты Тотраз.

Лæппутæ сын сæ разы авæрдтой æртæкъахыг фынг æртæ чъирийымæ, физонæг æмæ бæгæныйымæ. Бирæ арфæйы ныхæстæ загътой хистæртæ рауагъдонтæн, рæзгæ фæлтæрæн, уыдон та сын «оммен» кодтой.

Уый фæстæ 11 къласы скъоладзаутæ бузныджы ныхæстæ загътой уроктæ сын чи кодта, уыцы ахыргæнджытæн.

Фæстаг дзæнгæрæг раттыны бар та лæвæрд уыд 1-аг къласы скъоладзау Айлярты Аминæ æмæ рауагъдон Баситы Дзамболатæн.

Традицимæ гæсгæ бæрæгбоны кæрон 11 –æм къласонтæ дидинджытæ сæвæрдтой Мамсыраты Хаджумары цыртыл, стæй æфсымæрон ингæныл.

Тæтæраты Райæ

Комментарии (1)

Станислав Бзыков 01.06.2012

Райæ,с удовольствием прочитал......!На родном языке пишешь на 5-ть! Не помню,так-же хорошо писала,когда учились? Лаврентия помню...!Дзерассе большой привет! Зашли бы на \"Одноклассники\"!!