17мая2012

Праздник осетинского языка

Архив 3443

Ирон œвзаджы бœрœгбон.

         Къорд азы дœргъы Ирыстоны 15 май нымад у стыр бœрœгбоныл – ирон œвзаджы кадджын боныл. Ахуырады министрады хъœппœрисмœ гœсгœ ацы аз бœрœгбон ахаста къуыри. Уыцы къуырийы мидœг цы бирœ мадзœлттœ арœзт œрцыд,уыдоны œхсœн бœрœг бынат бацахста, Ольгинскœйы астœуккаг скъолайы дзырдаивады къорд «Дзырды фарн» (йœ разамонœг Хъараты Фатимœ) цы литературон изœр бацœттœ кодта нырыккон поэт Касаты Батрадзы сфœлдыстадмœ гœсгœ, уый дœр.

 

         Литературон изœр «Йœ уды цырагъ рухс кœны нœ Ирœн» ацыд Дзœуджыхъœуы математикон лицейы. Мадзалмœ хуынд œрцыдысты œмœ дзы мидисджын ныхас ракодтой Цœгат Ирыстоны бирœ бœрнон бынœтты минœвœрттœ. Уыдон стыр аргъ скодтой скъоладзауты ирон аив ныхасы хъœдœн, куыд арф бамбœрстой Батрадзы бирœвœрсыг поэзийы арф хъуыдытœ,уымœн.

         Сœ аив зардœй изœр смидисджын кодтой Ирыстоны зындгонгд зарœггœнджытœ œмœ Ольгинскœйы хъœуы культурœйы хœдзары ансамбль «Айзœлд»-ы уœнгтœ. Гœджынаты Руслан, Кœлуты Людœ œмœ Дзулаты Зœлинœ азарыдысты поэты œмдзœвгœтыл фыст зарджытœ. Изœрœн кœронбœттœн арœзт œрцыдис, Батрадз йœ хъœубœстœн цы аив зарœг балœвар кодта,уымœй.Азарыд œй Хететы Станислав. Музыкœ дœр ын ныффыста йœхœдœг.Изœрœн арœзт œрцыд хъœздыг презентаци Тыбылаты Бэллœйы фœрцы.Мадзал саразœг Хъараты Фатимœ хорзœхгонд œрцыдис Цœгат Ирыстоны œхсœнадон œмœ œддагонбастдзинœдты министрады грамотœйœ.

   

Комментарии (1)

Станислав Бзыков 24.05.2012

....Родная Школа..! Бесконечно красиво и мило моему сердцу...!! !Очень нужные мероприятия!!!