03дек2011

Мы – баловни, мы все – немного дети, пока есть рядом матери у нас…

Архив 2916

                                   Мы – баловни, мы все – немного дети, пока есть рядом матери у нас…

        Алы бǽстǽйы ǽмǽ алы адǽмы фидǽн аразгǽ у мады ныфс ǽмǽ уарзондзинадǽй, ныййарǽджы арфǽйаг миниуджытǽй. Ирон адǽм къона дарǽг ǽмǽ дзыллǽты рǽсугъд ǽгъдǽуттǽ хъахъхъǽнǽг мадǽн рагǽй дæр стыр кад кæнынц.
      Зæххы къорийыл ныртǽккǽ, ǽвǽццǽгǽн, иунǽг бǽстǽ дǽр нǽй, ǽмǽ дзы Мады бон ма бǽрǽг кǽной.

    Бǽрǽгбон цы нысан кǽны, уый бǽлвырд у – уыцы бон алы адǽймаг дǽр уǽлдай кад, уǽлдай арфǽтǽ кǽны, дунейы рухс кǽй фǽрцы федта, йǽ уыцы ныййарǽг Мадǽн.  Фǽлǽ йын  хъарм ǽмǽ фǽлмǽн ныхǽстǽ цасфǽнды куы фǽкǽнǽм, цасфǽнды бǽрǽгбǽттǽ куы аразǽм, цасфǽнды арфǽтǽ ǽмǽ цыфǽнды лǽггад ын куы кǽнǽм, уǽддǽр ныййарǽг мады фаг ǽмǽ аккаг никуы уыдзысты, уымǽн ǽмǽ раджы загътой куырыхон фыдǽлтǽ: « Мады хǽрзтǽ нырма никуы ничи бафыста. Бафидǽн дǽр сын нǽй».
    Ахǽм хатдзǽгмǽ ǽрцыдысты не скъолайы бǽрǽгбоны архайджытǽ дǽр. Ацы бǽрǽгбон арǽзт ǽрцыд 6–м кълǽсты(Кочысаты Ларисæ,Цæллагкаты Светæ) хъǽппǽрисǽй ǽмǽ Культурǽйы хǽдзары кусджыты фǽрцы.  Бǽрǽгбонмǽ хуынд ǽрцыдысты ахуыргǽнджытǽ ǽмǽ ныййарджытǽ.
     Равдысты уазджытǽ фехъуыстой бирǽ фǽлмǽн ǽмǽ зǽрдǽмǽхъаргǽ ǽмдзавгǽтǽ ǽмǽ раныхǽстǽ - Мадǽн кǽй нǽй абарǽн никǽимǽ, Мады ном табуйаг кǽй у.
     Бǽрǽгбоны архайджытǽ спайда кодтой хъǽздыг ǽрмǽгǽй. Раныхас кодтой алы адǽймагǽн дǽр куыд арф ǽвǽрд у йǽ зǽрдǽйы йǽ Мады сурǽт.  Уазджыты цǽстыты раз ауадис Мады сурǽт литературон уацмысты, хǽсты заман ǽмǽ Беслǽны хъаймǽты рǽстǽг. Фǽлтǽрǽй – фǽлтǽрмǽ мад у царды сǽйрагдǽр адǽймаг.
  Дарддǽр бǽрǽгбон ацыд хъǽлдзǽгдǽрǽй.  Мады фǽлмǽндзинад,  мады уарзондзинад, быхсондзинадыл Культурǽйы кусджытǽ акодтой бирǽ зарджытǽ.
    Ныййарǽг Мады сурǽты рǽсугъддзинадǽн, йǽ намыс ǽмǽ кадǽн сколадзаутǽ бацǽттǽ кодтой зарджытǽ ǽмǽ ǽмдзǽвгǽтǽ, цǽгъдтытǽ ǽмǽ кǽфтытǽ.
    Мады бон ǽппǽт бǽрǽгбǽттǽй дǽр у зǽрдǽмǽхъаргǽдæр, уарзондǽр, цытджындǽр. Нǽ сǽртǽй сын ныллǽг кувǽм! Ныййарǽг сылгоймǽгтǽн сǽ фǽллойы, куырыхондзинад ǽмǽ уарзондзинады тыххǽй – стыр бузныг! Уды тавсы, уарзондзинад ǽмǽ узǽлды тыххǽй хистǽр фǽлтǽрǽн – нǽ уарзон НАНАТǼН – хицǽн бузныг!

Комментарии (0)