Встреча с поэтом Тенгизом Догузовым
Архив 2697
Æрыгон поэт Дыгъуызты Тенгизимœ фембœлд
Мœ Ирыстон. Дœ тохвœллад хœстонау,
Дœ хъœдгœмттœ дœ цœссыгœй œхсыс.
Дœ сау хъыгтœй сœ зœрдœтœ фœтонынц
Дœ хъœбултœн,- сœ фидœныл тыхсыс.
- Чи у ацы рœнхъыты автор?
Сœрыстырœй мах зœгъœм -Дыгъуызты Тенгиз.
Кœм райгуырдис œмœ цы кусœг у,уымœй нœ фœрсут?
Уœд нœм байхъусут.
- Дыгъуызты Никъалайы фырт Тенгиз райгуырдис 1959 азы Хуссар Ирыстоны Сатихъары хъœуы.
1983 азы каст фœци ЦИПУ-йы филологон факультет œмœ уыцы аз œрвыст œрцыд газет "Рœстдзинад"-мœ.
У Уœрœсейы журналистты цœдисы уœнг. Ныртœккœ та у нœ республикœйы Фœллойады œмœ социалон рœзты министрады пресс-службœйы хицау.
- Тенгизы œмдзœвгœтœ бакœсœн ис иумœйаг поэтикон œмбырдгœнтты:"Судз ме `стъалы", "Кœстœрарœх", "Æмзœл зарœг", "Къонайы хъарм" œмœ бирœ œндœр рœтты.
- Тенгиз, куыд аивады фœрнджын гауызыл фыццаг сындœг къахдзœфтœгœнœг, афтœ уымœн дœр алы поэтау йœ бœллицты суадоны гуырœн у йœ фыдыуœзœг œмœ йе`мтуг адœммœ уарзондзинад. Уый бœрœг у, Гуырдзы œмœ Мœхъœлимœ хœстыты рœстœг-иу "горячая точка" кœй хонынц, уым йœ цардœн тœссаг уœвгœйœ дœр œцœг патриотау кœй балœууыд, уымœй дœр, œмœ уый гыццыл хъуыддаг нœу.
- Иунœг œнœ йœ адœмœй ничи у: œрмœстдœр семœ дунеон иудзинады алывœрсыгœй дзыллœимœ œнкъары йœхи адœймагœй. Риссы сœ рисœй, цин кœны сœ циныл. Кад фыддуг у, уœддœр œй нœ уырны, уый рœстœгмœ кœй у:
О,адœм,о ме`мтуг, мœ иубœстон адœм,
Уœ удхœрттœй зœрдœ цœф сырдау хъœрзы,
Нœ тохы тырыса - йœ рœстдзинад цардœн,
Мах иугœйттœй былмœ фыд-заман мœрзы.
Мœ мœгуыр, рыст адœм, мœ иубœстон адœм...
Уырны мœ- фыддугœн уыдзœнис кœрон...
- Йœхи уд кœмœн бавзара фыдохы мœстытœ œмœ зынтœ, œрмœстдœр уый ныффысдзœн ацы рœнхъытœ. Тенгиз,Хуссар Ирыстоны гуырдзиаг экстремисттœ куы бафхœрдтой, уœд йœ адœмыл тыхсгœйœ, сœ хъысмœтыл сагъœс кœнгœйœ, œнцой никœд бон ссардта, œдзухœй дœр уыдис семœ. Йœ бон, йœ уд цас фœрœзта, дысвœлдœхтœй уыйбœрц тох кодта хуссайраг лœгмарты ныхмœ- сœ хъуыддœгта сын хурмœ калдта. Нырма та уал Иры лœппутœ знаджы сурынц сœ зœххы сœраппонд œмœ сœ фарны уœзœг фœдзœхсынц хуыцœуттыл.
Æмдзœвгœтœ фыдыбœстœйы тыххœй...
1. «Мæ Ирыстон».
2. «Мæн ардæм мæ хъысмæт цæмæндæр фæхоны».
3. «Æвирхъау дуг, хъаймæты азар».
4. «Лигъдоны сагъæс».
5. «Мæ адæм».
6. «Хохаг чысыл хъæу».
7. «Аразынц уадтымыгъ митæй хъæпæнтæ».
8. «Кæмæн ма ракæнон мæ хъаст».
9. «Тæргайгæнæджы сагъæс»
- Фыдыуœзœг œмœ ныййарœг. Ацы дыууœ дзырды кœрœдзийы œфсœн рœхыстау баст сты œнœфœхицœнгœнгœйœ. Æмœ бœгуыдœр. Адœймаг цыфœнды дард куы уа йœ фыдыуœзœгœй, уœддœр дзы йœ къœсы сау дур дœр вœййы риу.Уœдœ ныййарœгœн йœ хъœбултœ куы байрœзынц œмœ чи ахуыры, амонды, чи та куысты, кœнœ хуыздœр цардагур œнхъœлœй бœлœттау фœйнœрдœм куы фœпырх вœййынц, уœддœр сыл ныййарœг никœд сивы йœ зœрдœ, цыфœнды тыхст кœнœ фœллад куы вœййы,уœддœр,фœлœ сœ фœфœдзœхсы œмœ сын амонд фœкуры уœлœрвтœй.
Æмдзœвгœтœ ныййарœджы тыххœй.
1. «Зæронд мады катай».
2. «Райгуырæн къæсы».
3. «Кæмдæр кæйдæр æнæном арт»
- Поэты œнкъарœн канд мидсагъœсы дуне нœу, фœлœ ма уыцы фарны фœзилœнтœ дœр, œмœ цœмœй чиныгкœсœджы аргъœутты бœстœмœ бахона, йœ уд дзы срœсугъд уа, йœ ныфсыл ын ныфс бафтауа, уый тыххœй нын автор œрдзы фœзындтытœ œмœ хуызтœ, азы афонтœ нœ размœ хœссы рœсугъд ахорœнтœй,дидинджыты уддзœф, цъœх-цъœхид арв œмœ хуры тынтимœ, кœцытœ адœймагыл рог зœрдœисгœ дымгœйау бафтауынц базыртœ œмœ йœ уадидœгœн фœфœнды уыцы œнœхин,удсыгъдœггœнœн, аргъœутты бœстœмœ тœхын.
Æмдзœвгœта афœдзы афонты тыххœй.
1. «Æхсæрæг».
2. «Фæззыгон къæвда».
3. «Сæрдыгон райсом».
4. «Уалдзæг».
5. «Тæрккъæвда».
6. «Æдзæрæг ирон хъæу».
7. «Æрлæууыд уалдзæг».
- Дыгъуызы-фырт œмгарджын кœй у, йе`мгœртты фарсмœ кœддœриддœр кœй балœууы, сœ уœз сын йœхимœ кœй айсы, фœрог кœны, уый зындгон у, чи йœ зоны,уыдонœн.
- Поэт аргъ кœны Ирыстоны ном йœ фœрнджын хъуыддœгтœй бœрзонд чи систа, уыцы адœймœгтœн. Уыдон та сты, зœгъœм:поэт Калоты Хазби, профессор Къомайты Риммœ, поэттœ Малиты Георгий, Хаджеты Таймураз, Джусойты Марат œмœ œндœртœ.
Æмдзœвгœтœ œмгœртты тыххœй.
1. «Рухстауæг».
2. «Зынгхуыст æмгæртты тыххæй».
3. «Æнæмæлгæ зарæг».
4. «Хаджеты Таймуразæн».
5. «Бæргæ куы зариккой».
- Зœхх œнœ адœм, уœларв œнœ хур, œхсœв œнœ стъалытœ куыд нœ фидауы, афтœ цыфœнды уœлмонц аивад дœр нœ рафидаудзœн поэт дзы йœ зœрдœйы сусœг œнкъарœнты œхсидав-уарзт куынœ бавœра, уœд. Ацы зœрин ныхас "уарзты" уацары зœххон адœмœй чи нœ бахауд, ахœм нœ разындзœн.
Æмдзœвгœтœ уарзондзинады тыххœй.
1. «Дæ цардæфсæст, хъæздыг хæдзары»…
2. «Рагуарзтимæ фембæлд».
3. «Фæстиат уарзт».
4. «Жар- птица».
5. «Дæу равзæрстон, дæу бауарзтон».
6. «Рагбонты сагъæстæ».
7. «Мæ мысинаг».
8. «Рагуарзт мысгæйæ».
9. «Фæцæуы мæ уалдзæг».
- Бирœты уарзты бардуаг барœвдауы, самондджын сœ кœны, фœлœ стыр хъыгагœн, бирœмœ та худгœ дœр нœ бакœны.Афтœмœй, уарзты къœсœрыл фœндœгтœ ныннœмгœйœ, фœдзœгъœл уœвœг дымгœйау фœудхар кœны, œмœ уый кœд уарзаг уды масты фœд йедтœмœ ницы ныууадзы, уœддœр уый у œрдзы лœвар œмœ, куыд зонœм, афтœмœй та œрдзыныхмœ зœххон адœймагœн тохгœнœн нœй. Нœ бар уыцы лœварœн œрмœстдœр у быхсын œмœ хъœцын.
Кœуыс, хъœбул, ыставд гага цœссыгтœ
Фœлурс уадултыл суадœттау тœдзынц.
Дœ судзгœ низ, дœ рыст œмœ дœ хъыгтœ-
Фœлмаст риуы, цыргъ хъаматау,ныхсынц,-
зœгъы Тенгиз, œгъатыр низы дзœмбыты йын цы хъœбул бахаудта, уый тыххœй. Лирикон поэзийы закъœттœм гœсгœ рынчын сывœллоны рыст фыдœн йœхи рыст нал у, фœлœ лирикон хъайтар риссы дунейы œппœт низœфхœрд сабитыл дœр.
Æмдзœвгœтœ.
1. «Мæ чызг Аланæйæн».
2. «Хъæбулы рис».
- Тенгиз у куыд фыссœг, афтœ тохгœнœг дœр. Уый удœй œмœ зœрдœйœ тыхсы œмœ тох кœны нœ мадœлон œвзаг œмœ культурœ бахъахъхъœныныл, уый йе`мдзœвгœтœй иуы фыссы:
Æмдзœвгœ
1. «Амондджын уый у».
- .Тенгизы сфœлдыстадимœ базонгœйœ мах райстам œцœг хъарм, œхцондзинад œнкъарœнтœ. Йœ алы œмдзœвгœйы дœр ис цыдœр œнахуыр тых, кœцы адœймаджы œлвасы йœхимœ.
Фœлœ цыфœнды дœсны куырдадз дœр йœ дœсны куыстœй разы куыд нœ вœййы, афтœ поэт дœр мœнœ куыд зœгъы:"Кœй ма хъœуы абон мœ зарœг".Фœлœ нœ, нœ хистœр. Ам ды рœдийыс. Ирон фарныл, œвзаг, фыдыбœстœйы фидœныл чи тыхсы, уымœн йœ зарœг кœддœриддœр хъœугœ у, œмœ ахœмœй мах уынœм дœ мидсагъœсты дунейœ, ирон уаз дзырдœн цы аивад балœвар кодтай, уый, œмœ дын ноджыдœр дœхи фœндиагœй œнœкъуылымпыйœ фылдœртœ бантысœд!
Музыкалон салам.
Поэт, журналист Дыгъуызты Тенгиз дзœвгар куыста газет "Рœстдзинад"-ы. Уый у курдиатджын журналист.Зœрдœйœ œнкъары рœстœджы комулœфт, зоны аргъ кœнын цаутœн, ис œм йœхи фидар зондахаст. Ацы миниуджытœ бœлвырдœй зынынц йœ фœллœйттыл.Дыгъуызы-фырт у йœ адœмы патриот. Хуссар Ирыстоныл зын рœстœджыты куы акодта, уœд-иу балœууыд йœ хъахъœнджыты œхсœн, мœстœлгъœдœй йœ зœрдœйы тугœй фыста йе знœгты ныхмœ. Тенгизœн йе фсымœр дœр риу- œмриу œрлœууыд фыдгултимœ, йœ райгуырœн хъœу Сатихъар хъахъœнгœйœ, œмœ хъœбатырœй фœмард.
Дыгъуызты Тенгиз у цалдœр поэтикон чиныджы автор, уый фыссы, йœ зœрдœйы арфœй цы схœлбурцъ кœны, уый.Зœрдœйœ цы цœуы, зœрдœмœ дœр уый хъары.
Æрœджы Дыгъуызты Тенгиз ссис УФ-йы Фысджыты цœдисы уœнг. Нœ зœрдœ йын зœгъы ног сфœлдыстадон œнтыстдзинœдтœ.
Комментарии (0)