Кто вы , полковник Ксанти?
Архив 3058
Иры хæхты баззайдзæн йæ ном
Ном лæггæнæг нæу, фæзæгъынц. Адæймаг скæны йæхицæн ном æмæ кад йæ хъуыддæгтæй. Æмæ тæхудиаг уыцы адæймаг, йæхицæн а зæххыл ном чи скодта, йæ адæм сомыхъомкæмæй сты. йе´хсар æмæ йе ´фсармæй , йæ хъару æмæлæгдзинадæй, йе ´гъдау æмæдардмæуынагзондæ, йæ сæрæндзинад æмæ намысæй йæ дзыллæйæн фæзминагæй чи баззад. Æмæ кæд ахæм адæймæгтæ Бæстыфарн дун – дунейæн балæвар кодта, уæд уыдонæй иу уыд Мамсыраты Хаджумар дæр.
Рацæудзæн дæсгай азтæ, æнустæ, фæлæ Уæрæсейы зынгзæрдæ патриот, сгарæг æмæ æфсадхоны, Уырысы зæххы æхсарджын æмæ сахъ хæстоны ном цæрдзæн йæ фæстæйы фæлтæрты зæрдæты, сæ хъуыдыйы. Мамсыраты Хаджийы тыххæй фыст æрцæудзæн ног чингуытæ, скæндзысты йыл ног зарджытæ. Уый аккаг кæй у, уый равдыста йæ æппæт цардæй.
Комментарии (0)