16окт2019

Ис цардӕн иунӕг фӕтк ӕрмӕстдӕр

16.10.2019   0 795

Ис цардӕн иунӕг фӕтк ӕрмӕстдӕр

Рӕстудӕй раст цӕрын фӕраз,

Дӕхи бӕрц иннӕйы дӕр уарз,

Мӕгуырӕн ма ахиз йӕ фӕрсты.

Ӕрцыдысты та нӕ Ирыл арфӕйаг бонтӕ – нӕ адӕмы сӕрхъуызой, ӕппӕт Кавказы мӕгуырты сӕрылхӕцӕг, фидар зонд ӕмӕ удыхъӕды хицау, ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бындурӕвӕрӕг, ирон адӕм дунеон культурӕйы ӕмвӕзадмӕ кӕй фӕрцы рацыдысты, уыцы ӕнӕмӕлгӕ Хетӕгкаты Къостайы мысӕн бонтӕ.

Ирон адӕмы генийы райгуырдыл ацы аз сӕххӕст сӕдӕ ӕхсай азы.

Стыр мадзалтӕ арӕзт ӕрцыдысты нӕ республикӕйы.

Ирыстоны цӕрджытимӕ иумӕ Къостайы юбилейы бонтӕ развӕлгъау арӕзт пъланмӕ гӕсгӕ бӕрӕггонд ӕрцыдысты не скъолайы дӕр. Мысӕн къуыри ацыд 07.10.19 -15.10.19 бонты.

Къуыри традицимӕ гӕсгӕ райдыдта Къостайы мысӕн уроктӕй - ӕвдӕм октябры. Беседӕтӕ ӕмӕ презентациты фӕрцы ахуырдзауты размӕ урокты хаст ӕрцыдысты Къостайы сфӕлдыстадон бынты мидисджындӕр фӕрстӕ, йӕ идейӕтӕ, йӕ сагъӕс ӕмӕ мӕт йӕ адӕмы хъысмӕтыл:

Къоста – нывгӕнӕг

Къоста ӕмӕ музыкӕ

Къоста ирон адӕмы сӕрхъуызой

Къостайы пъисмотӕ

Къоста сывӕллӕттӕн

5-ӕм кълӕсты ахуырдзаутӕ сарӕзтой равдыст Къостайы уацмыстӕм иллюстрацитӕй. Чертхъоты Геор ма сарӕзта Къостайы портрет ӕрдзон ӕрмӕгӕй (пырындз)

Кълӕсты разамонджытӕ сарӕзтой афӕлгӕст Къостайыл арӕзт кинонывтыл («Возвращение Коста», «Дыууа Фыдыбӕстӕйы» ӕмӕ ӕндӕртӕ ӕмӕ цыл ӕрныхас кодтой .

«Чи хуыздӕр зоны «Ирон фӕндыр» - ахӕм номимӕ арӕзт ӕрцыд Брейн-рингыл фембӕлд 10 ӕмӕ 11 кълӕсты ӕхсӕн.

Бӕрӕгбонмӕ уагъд ӕрцыд тематикон къулыгазет.

14 октябры арӕзт ӕрцыд ӕрвылазон конкурс «Аив дзырды дӕсны»

Арӕзт ӕрцыд мадзал скъолайы библиотекӕйы «Костайы поэзийы алӕмӕты дуне»

Кӕронбӕттӕн мадзал литературон-музыкалон изӕр «На цӕугӕ хох, нӕ лӕугӕ мӕсыг» арӕзт ӕрцыд хъӕуы Культурӕйы хӕдзары. Мадзал рауад мидисджын. Изӕрмӕ арбацӕуджытӕ ӕвдисӕн систы ахуырдзауты ӕмдзӕвгӕты аив кастӕн ӕмӕ Къостайы ӕмдзӕвгӕтыл конд аив зарджытӕн.

Добавить комментарий