12мар2019

Зондабиты фембæлд Брейн – рингыл

12.03.2019   0 1012

Нæ республикæйы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны ныр къорд азы мидæг ахуыры азы кæронмæ хæстæг арæзт цæуы цымыдисаг мадзал – зонадон интеллектуалон хъазт «Зондабитæ». Уыцы фæлварæн хъазты ацы аз архайдтой не скъолайы литературон – зонадон къорд «Дзырды фарн» - ы уæнгтæ дæр. Ахуырдзаутæ сæ зонындзинæдтæ æвдыстой Рахизфарсы районы номæй. Немæ ма хъазты архайдтой Алагиры, Ӕрыдоны, Горæтгæрон районты скъолатæ æмæ Дзæуджыхъæуы 38 – æм скъолайы минæвæрттæ. Сывæллæтты размæ æвæрд уыд цалдæр хæсы: хæдзармæ куыстæн ныффыссын иртасæн куыст «Ирон национ театры разагъды актертæ», равдисын мидисджын скъуыддзаг ирон театры репертуарæй æмæ Брейн – рингыл равдисын зонындзинæдтæ ирон театры историйæ йæ байгомæй абоны онг. Хъазты архайджыты зонындзинæдтæн аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ: РЦИ-Аланийы сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы консультант Бигъуылаты Людмилæ, Ахуырад æмæ наукæйы министрады национ хайады сæргълæууæг Суменаты Зæлинæ, Цæгат-Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры сæйраг режиссер Уалыты Гиви æмæ УФ – йы ахуырады кдджын кусæг Калоты Тамарæ. Зæрдиаг ерысы мидæг не скъоладзауты командæ «Ног фæлтæр» бацахстой дыккаг бынат. Хорзæхгонд æрцыдысты Кады гæххæттытæ æмæ майдантæй. Командæйы капитан Хохаты Асланæн саккаг кодтой хицæн Кады гæххæтт, куыд æппæтæй æвзыгъддæр капитан. Командæйы иннæ уæнгтæ Абайты Илонæ, Колыты Аслан, Мырзаганты Миланæ, Тебиаты Дианæ æмæ Тотраты Дзамболат райстой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Спектаклæй скъуыддзаджы уæлдай арæхстджындæр уыд Дзулаты Асланы хъазт. Уый сарæзта Муссæйы фæлгонц Ирон театры бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæ «Уæрæседзау» - æй.

Добавить комментарий