30ноя2016

«Уа цœрнбонты фœсмойнаг,- Мад цы хъœбулы нœ хъœуы!».

30.11.2016   0 1493

«Мад… Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ. Кæд зæххыл æцæг амонд фенæн æмæ банкъарæн ис, уæд æрмæстдæр мады рухс цæсгом уынгæйæ Мады фаг хорздзинæдтæ ацы зæххыл нæй, фæлæ уый буц даргæйæ, уымæн ирон рæсугъд æгъдау дæтгæйæ бамбарæн ис, циу амонд. Цæй тæхудиаг у уыцы кæстæр, йæ хистæрты буц дарын чи зоны æмæ афтæмæй адæмы æхсæнмæ рухс цæсгомæй чи цæуы.» - ахœм ныхœстœй райдыдтой сœ мадзал 7 кълœстимæ Мады бонмœ ирон œвзаг œмœ литературœйы ахуыргœнœг Кочысаты Лариса œмœ библиотекœйы кусœг Тæтæраты Райæ. Уыдис дзы презентаци дœр. Эпигрœфœн райстой Дзаболаты Хазбийы ныхœстœ:

«Уа цœрнбонты фœсмойнаг,-

Мад цы хъœбулы нœ хъœуы!».

Скъоладзаутœ бирœ фӕлмӕн ныхӕстӕ загътой Мады тыххœй. Уый фœстœ œрныхас кодтой Ситохаты Саламджерийы радзырд «Мады зœрдœ»-йы мидисыл, кацы бакастысты рагагъоммӕ. Сœ ныхасы кœрон ӕрцыдысты иу хъуыдымœ: Мадœй зынаргъдæр зœххыл ничи ис. Мады уарзын хъœуы, хъусын œм хъœуы, цœмœй цœрæнбонты хъæбул фœсмойнаг ма фæуа.

Добавить комментарий