14окт2016

«У Дун-Дуне фыдыбæстæ мæнæн!»

14.10.2016   0 1811

13 октябры, Къостайы мысœн къуырийы, 5-æм кълæсты разамонджытæ Джабиты Хатунæ, Сланты Светланæ æмæ библиотекæйы кусæг Тæтæраты Райæ райдайœн кълæстæн сарæзтой мадзал презентациимæ. Уыдис дзы фыссæджы чингуыты равдыст дæр.

Ацы аз ирон генийыл сœххœст 157 азы. Мадзалы райдайæны Тæтæраты Райœ радзырдта скъоладзаутæн Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй.Радзырдта сын, Къоста канд диссаджы фыссæг кæй нæ уыд, фæлæ ма уыд хорз нывгæнæг дæр. Тынг бирæ уацмыстæ ныффыста сабитæн.Ацы мадзалы рабæрæг,сывæллæттæ генийы уыцы лæварæн стыр аргъ кæй кæнынц æмæ йын йе мдзæвгæтæ иттæг хорз кæй зонынц. Мадзалы кæрон ма сын равдыстой киноныв «Весь мир – мой храм».

Добавить комментарий