26мар2016

Радон æхсызгон фембæлд

26.03.2016   0 1757

26 мартъийы Ольгинскæйы скъолайы ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ æхсызгонæй сæмбæлдысты сæ уазджытыл – хъæуы «Ныхас»-ы уæнгтæ Дзампаты Хъантемыр æмæ Ахъиты Албегыл.

Ахæм фембæлдтытæ скъолайы сты традицион. Хъæуы хистæртæ арæх æмбæлынц ахуырдзаутимæ, семæ ныхас кæнынц æгъдау æмæ ирондзинадыл. Йæ раныхасы Дзампаты Хъантемыр фæсидтис сабитæм, цæмæй ма рох кæной фыдæлты фарн, архайой хуыздæрты фæзмыныныл.

Ахъиты Албег рæзгæ фæлтæры зæрдыл æрлæууын кодта хъæуы куырыхондæртæй бирæты нæмттæ, фæсидтис сæм, цæмæй сæ ма рох кæной æмæ сæ цардыуагæй уыдоны фæзмой.

Фембæлды кæрон уазджытæ балæвар кодтой скъолайæн чингуытæ, кæцытæ сын феххуыс уыдзысты Ирыстоны истори, йæ топонимикæ æмæ йæ литературæ ахуыр кæнгæйæ.

Добавить комментарий