24сен2015

Легендарон «Ксанти»

24.09.2015   0 2260

Ацы бонты сœдœ дыууадæс азы сœххœст Советон Цœдисы Хъайтар, контрразведкæйы зындгонд кусœг, легендарон «Ксанти», нœ хъœуккаг Мамсыраты Хаджумары райгуырдыл. Мах ын œрвылаз дœр мысœм йœ ном, фæлæ ацы хаты мадзал уалдай арфайаг дар уыд.

2015-аз хуымœтœг аз нœу махæн. Ацы аз Æппæт ирон адæмон змæлд «Адæмон фронт»-ы хъæппæрисæй Ирыстоны скъолатæй цалдæрæн лæвæрд æрцыд Иры хъайтарты нæмттæ.Уыдонима Дзæуджыхъæуы 42-æм скъолайæн æмæ махæн, Ольгинскæйы астæуккаг скъолайæн саккаг кодтой Ирыстоны разагъды инæлартæй иуы, ном, Мамсыраты Хаджи-Умары ном.

Хаджи-Умар уыд легендарон сгарæг, Генералон штабы Сæйраг Сгарæн Управленийы разамонæджы фыццаг хæдивæг, цыппар хæсты архайæг- дыууæ граждайнаджы- Уæрæсе æмæ Испанийы æмæ дыууæ Фыдыбæстæйы хæсты –Белофинты æмæ фашистон лæбурджыты ныхмæ, æмæ ныр «Адамон фронты» фарцы йа ном анусгонд арцыд.

Ацы бǽрǽгбон хъǽуǽн ссис иумǽйаг. Стыр бǽрнон цǽстǽй йǽм акастысты куыд ахуырдзаута ǽмǽ ахуыргǽнджытǽ, афтǽ скъолайы алы азты рауагьдонта дǽр. Ахуыргǽнджытǽ Хъараты Фатима. Бзарты Тамара, Тыбылаты Беллайы хъǽппǽрисǽй арǽзт ǽрцыд хъǽздыг музыкалон- литературон композиции « Лǽгǽн лǽвǽрд ис гуырǽн бон ǽрдзǽй куы уа хъǽбатыр,- амǽлǽн ын нǽй». Композицимǽ арǽзт ǽрцыд хъǽздыг презентаци. Сахаты бǽрц бǽрǽгбон амонджыты фǽрцы ( Колыты К, Хǽмыцаты К, Булацаты Л, Дзуццаты В) сценǽйǽ хъуыстысты ǽппǽлǽн ныхǽстǽ нǽ хъǽбатыр ǽмхъǽуккаджы тыххǽй, райдай Испанийы Мадриды бын хǽстытǽй 1936 азы ǽмǽ фǽу 1945 азы Уǽлахизы цытджын Парадǽй.

Бǽрǽгбонмǽ сǽмбǽлдис кадджын делегации 42 скъолайǽ дар. Аив ныхасы ракангǽйǽ ахуырдзаутǽ раарфǽ кодтой ныр амǽй фǽстǽмǽ хǽлардзинады тагтǽй баст кǽимǽ ǽрцǽудзысты, уыцы скъолайǽн ǽмǽ сǽ ныхас срǽсугьд кодтой зǽрдыл даран лǽвǽрттǽй.

Уазджытǽн ǽмǽ фысымтǽн арфǽ ракодта Хаджи-Умары хистǽр чызг Мамсыраты Заретǽ, йǽ рǽстǽджы Ирыстоны зындгонд дохтыр.

«Адǽмон фронты» номǽй ныхасы бар лǽвǽрд ǽрцыд Республикǽйы Ветеранты Советы Сǽргьлǽууǽг, инǽлар-майор Къаболаты Солтанǽн.

Бǽрǽгбон смидисджын кодтой Республикон Архивы кусджытǽ, кǽцыты та нǽм радон хатт сǽмбǽлдысты тематикон равдыстимǽ. Концертон номертǽ бацǽттǽ кодтой скъоладзаутǽ, афтǽ нǽ районы хъайтарон зарǽгганджыты къорд «Балц» ǽмǽ на хъǽуы культурǽйы хǽдзары ВИА «Айзǽлд».

Добавить комментарий