09мая2013

Цытджын Уалахизы бон

Архив 3835

68 - œм хатт нœ бœстœйы адœм сœмбœлдысты, советон хœстонтœ фашизмœн йœ бœрзœй куы ныссастой œмœ Рейхстаджы сœрмœ сырх тырыса куы œрсагътой, уыцы  стыр боныл. Хъœуы Культурœйы хœдзары ацыдис зœрдылдарœн мадзал «Хъœбатыртыл Ирыстоны нœ кœуынц, хъœбатыртыл нœм зарджытœ кœнынц!..»

Мадзал бацœттœ кодтой ирон œвзаг œмœ литературœйы ахуыргœнœг Хъараты Фатимœ œмœ информатикœйы ахуыргœнœг Тыбылаты Бэллœ сœ хъомылгœнинœгтимœ. Бœрœгбон рауадис мидисджын œмœ цымыдисаг. Сценœйœ зœлыдысты хœстон дуджы поэттœ Цœгœраты Гиго, Плиты Грис, Калоты Хазби, Баситы Дзамболат, Кочысаты Мухарбеджы œмдзœвгœтœ œмœ тематикон зарджытœ. Не мхъœуккаг поэты œмдзœвгœтыл зœрдœмœхъаргœ зарджытœ азарыдысты Хететы Станислав œмœ Джеллыты Руслан. Æмдзœвгœты аив кастœй сœхимœ œрыхъусын кодтой Биганаты Иринœ, Токаты Альберт, Гœздœнты Давид, Колыты Кристинœ, Тотраты Дзамболат, Джеллыты Руслан œмœ иннœтœ.


Тынг зœрдœмœдзœугœ рауад, 11- œм къласы ахуырдзаутœ цы инсценировкœ сарœзтой Гœздœнты авд œфсымœры зарœгмœ гœсгœ, уый. Гœздœнты Тасойы монументалон фœлгонц сценœйыл сарœзта Дулаты Дианœ. Йœ зœрдиаг, мидисджын хъазтœй Дианœ бирœтœм залы цœссыг фœзынын кодта. Зарœг азарыд хъœуы культурœйы хœдзары ансамбль «Айзœлд»-ы зарœггœнœг Кœлуты Людмилœ. Бœрœгбонмœ œрбацœуджытœ œдзœмœй алœугœйœ ссардтой зынгхуыст хœстонты рухс ном. Мадзал афтœ зœрдœмœхъаргœ кœй рауад, ууыл зœрдиагœй бацархайдтой Культурœйы хœдзары кусджытœ Алыккаты Ларисœ, Кœлуты Людмилœ, Дзулаты Зœринœ œмœ Хететы Станислав. Мадзал йœ райдианœй йœ кœронмœ фœлгонцгонд цыд хъœздыг презентацийœ. Традицимœ гœсгœ бœрœгбоны кœрон скъоладзаутœ сœвœрдтой дидинджытœ œмœ веноктœ, хъœуы цы цыртдзœвœнтœ œмœ œфсымœрон ингœн ис, уыдоныл. Хъœуы хистœр фœлтœры минœвœрттœ œмœ сабитœ лœвœрттимœ хъœуы администраци œмœ Парламенты депутат Мырыкаты Хъазыбеджы номœй бабœрœг кодтой Цœллагкаты Саламбеджы, хъœуы ма цы иунœг ветеран баззад, уый.


Комментарии (0)