26мая2012

Последний урок! Последний звонок !

Архив 2166

Фœстаг дзœнгœрœджы номыл бœрœгбон

«Фœндараст ут, Ольгинскœйы скъолайы 71-œм   рауагьдонтœ!»

(сарœзтой йœ Гœздœнты Ларисœ œмœ Дзампаты Альбинœ, 8-œм кълœсты разамонджытœ)

(музыкœ фоныл)

   Амонœг:

Уæ бон  хорз, нæ зынаргъ  ахуыргæнджытæ, уазджытæ, ныййарджытæ, скъоладзаутæ.

   Амонœг:

Уе ’ ппæты дæр бæрæгбоны хорзæх уæд!

Ацы райдзаст æмæ хъæлдзæг бон нын тынг æхсызгон у уæ фенд.

   Амонœг:

Абоны бæрæгбон арæзт у не’скъолайы ацы азы рауагъдонты  номыл.

   Амонœг:

Абон диссаджы бæрæгбон – æвзонг чызджытœ æмæ лæппуты цины бон.

   Амонœг:

Цæй, уæдæ ацы рæсугъд кæртмæ нæ зæрдиаг къухæмдзæгъдимæ рахонæм нæ бæрæгбоны аххосджынты сæ къласы разæмонæгимæ.

                                 (Рацœуынц «Вальс»-ы мелодимœ) 

  Амонœг:

Мæнæ сты – нæ диссаджы рæсугъд , зондджын æмæ куыстуарзаг  лæппутæ æмæ чызджытæ.

   Амонœг:

Фæнды нæ, цæмæй нын нæ бæрæгбон срæсугъд кæнат, традицимæ гæсгæ, абоны бон цы вальсæй фидауы , уымæй.

                                                    «Ирон вальс»

    Амонœг:

Иуæндæс азы атахтысты бонтау.

Иуæндæс азы царды балц лæгæрстат,

Ахуыры бонтæ кастысты уæм аргъау,

Зондамондæй царды рухс æвзæрстат.

   Амонœг:

Æнахъом сабитæй кæддæр æрдонгæй

Бахызтыстут скъолайы къæсæрæй.

Мыдгур бындзытау, зондагурæг æмзондæй…

Ахуыргæнæг мадау узæлаг хæдзондæй.

   Амонœг:

Цымыдисæй чингуыты сыфтæ фæлдæхтат,

Уевзонг удтæ ахуырады фæлтæрдтат.

Нырæмон, тæлфаг уæддæр  уыдыстут,

Уынг уæ сайдта хъазынмæ æдзухдæр.

   Амонœг:

Зæххыл кæд ис рæстдзинад, уæд

Цырагъдарæнтœн  хъæуы табу кæнын æдзух.

Æнусмæ арфæйаг, æнæниз уæнт!.

Сымах чи скодта æдзонд æмæ æгъдауджын,

Сымах куы стут хæдбар царды бæлццæттæ,

Ныр сæ фæрцы æдæрсгæ цæудзыстут  цардмæ.

   Амонœг:

Ныхасы бар скъолайы разамонæг Тебиаты Батразæн.

   Амонœг:

Ныхасы бар скъолайы разамонæджы ахуыры хайады хæдивæг Хæмыцаты Тайæйæн.

   Амонœг:

Ныхасы бар хъæуы администрацийы сæргълæууæг Хæмыцаты Русланœн.

   Амонœг:

Ныхасы бар районы администрацийы минœварœн.

                                                          «Школа, школа»

                                                                  (зарœг)

   Амонœг:

Царды фæндагыл нырма фыццаг къахдзæфтæ чи кæны æмæ нæ рæсугъд фидæн кæимæ бæттæм, уыдонæн ныхасы бар.

Табуафси,  нæ буц кæстæртæ.

   Амонœг:

Ныхасы бар не’скъолайы рауагъдонтæн.

     Амонœг:

Фыццаг хатт не’скъолайы мадау чи рбахъæбыс кодта ацы сывæллæтты, йæ уды хъармæй, йæ фæлмæн ныхасæй æнæвгъау кæй тавта, уыдон уыдысты  Дзлиаты Лидæ æмæ Дзулаты Фатимæ.

     Хъыгагæн, абон  Лидæ не’хсæн нал и, фæлæ йæ рухс ном кæддæриддæр цæрдзæнис сæ зæрдæты.

     Фатимæ, Хазбатыры чызг, абон дæуæн зæгъгæ у ацы сывæллæттæн фæндараст.

   Амонœг:

Ныхасы бар ныййарджытæн.        

                                                             «Ханты цагъд»

   Амонœг:

Мæнæ нæм  ханты цагъды уæздан зæлтимæ фарны къах æрбавæрдтой нæ буц хистæртæ.

 

Æрбацыдысты  хистæртæ,  кувынц...

                                                               «Нуазœны цагъд».

   Амонœг:

Фæсивæды курдиатмæ гæсгæ нæ фæнды, цæмæй нæ хъæуы хистæр Созыр йæ аив кафтæй срæсугъд кæна нæ бæрæгбон.

                                                                « Рагон хонгæ»

   Амонœг:

Абоны  хъæлдзæг бæрæгбоны  сæйрагдæр  фæзилæн у, нæ зынаргъ  рауагъдонты царды рæсугъд фæндæгтæм цы фæстаг дзæнгæрæг афæндараст кæндзæн, уый.

Кæцы йæ хъæлдзæг зæлтæй фехъусын кæндзæн, абон кæй фæцис сæ саби- дуг æмæ кæй райдыдта сæ царды ног къæпхæн.

    Фæстаг дзæнгæрæг раттыны бар лæвæрд цæуы фыццæгæм къласы ахуырдзауæн æмæ иуæндæсæм къласы рауагъдонæн…

                                                             «Кœсгон кафт»

   Амонœг:

Ныр та не’скъолайы традицимæ гæсгæ рауагъдонтœ сœвæрдзысты дидинджытæ скъолайы кæрты  Æфсымæрон ингæныл æмæ Мамсыраты Хаджумары цыртыл.

    Амонœг:

Ууыл æвдай фыццæгæм  рауагъдонты номыл бæрæгбон æрхæццæ кæронмæ.

Амондджын æмæ хъæлдзæг ут!

 

  

Комментарии (1)

Артур. 19.03.2013

тынг дзаебаех у !!!