21мар2012

Республиканский семинар учителей осетинского языка и литературы

Архив 3127

Национ уӕлӕдарӕсы культурӕ фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ хӕццӕ кӕнын, нӕ рагфыдӕлты ӕгъдӕуттӕ рохуаты ма ныууадзын. 

Ирон литературӕйыл рӕзгӕ фӕлтӕры иузӕрдион кӕнын. Ацы ахсджиаг темӕтыл ныхас цыд Ольгинскӕйы астӕуккаг скъолайы, ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджыты республикон семинары. Сывӕллӕттӕ бацӕттӕ кодтой рагон уӕлӕдарӕсы историйы тыххӕй гом урок.

"Фыдӕлтӕй нын баззад ӕвзаг" – уый уыд Ольгинскӕйы астӕуккаг скъолайы семинары сӕйраг хъуыды. "Ирон уаз дарӕс, фесӕфӕн дын нӕй". Ахӕм ныхӕстӕй та райдыдта национ уӕлӕдарӕсы равзӕрд ӕмӕ историйы тыххӕй гом урок. Ацы темӕ хуымӕтӕджы нӕ равзӕрстой. Ныхас цыд, нӕ рагфыдӕлтӕй нын цы хъӕздыг бынтӕ баззад, уыдон цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнын, рохуаты сӕ ма уадзын. Ӕнусты сӕрты ахизгӕйӕ нӕм ӕрхӕццӕ национ уӕлӕдарӕсы ахадындзинад. Урочы сывӕллӕттӕ базыдтой бирӕ цымыдисаг хабӕрттӕ. Зӕгъӕм, ирон адӕммӕ ӕлдӕрттӕ дардтой цъуп худтӕ ӕмӕ урс цухъатӕ. Хуымӕтӕг адӕмӕн дарыны бар уыдис сау, морӕ ӕмӕ ӕндӕр тар хуызтӕй уӕлӕдарӕс. Уымӕй бӕрӕг дардта, ӕхсӕнады кӕмӕн цы уавӕр ис, уый.

Хъантемыраты Эльбрус, Цӕгатирыстойнаг иугонд музейы наукон-экспозицион хайады хицау: "Ӕхсӕнады-иу адӕймаг куы фӕзындис, уӕд ын-иу кастысты йӕ уӕлӕдарӕсмӕ. Куыд фӕзӕгъынц, адӕймагӕн ӕгӕс цӕуай фӕзӕгъынц йӕ дарӕсмӕ гӕсгӕ, фӕндараст та йӕ зондмӕ гӕсгӕ. Раздӕр-иу уымӕй раиртӕстой ӕлдӕртты, кӕвдӕсардты".

Ныртӕккӕйы дуджы уӕлӕдарӕсмӕ гӕсгӕ зын равзарӕн у адӕймаджы. Цард куыд цӕуы, афтӕ ивы. Чындздзон фӕлыстыл ма ныр дӕр фенӕн вӕййы раздӕры нывӕфтыдтӕ. Хӕрдгӕхуыдтӕ ӕмӕ хӕрдгӕбыдтӕй орнаментӕн йӕ равзӕрд ӕмӕ йӕ мидис, ӕппӕт уыцы хабӕрттыл цыд бӕстон ныхас. Скъоладзаутӕ абарстой ныры ӕмӕ раздӕры уӕлӕдарӕсы хицӕндзинӕдтӕ.

Тыбылаты Бибо: "Раздӕр-иу нӕлгоймаг дардта фысы хъуынӕй конд худ. Ӕмӕ-иу зӕгътой, ома, йӕ кад йӕ сӕрыл, зӕгъгӕ".

Скъоладзаутӕн равдыстой раздӕр чындзӕн цы хыз уыд, куыд ӕмӕ йӕ цӕмӕй быдтой, ахӕм дари ӕндӕхтӕ. Фембӕлд аив уыд рагон музыкалон инструментты зӕлтӕй. Хъисын ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндырты фӕрцы фӕсивӕд банкъардтой фыдӕлты культурӕйы тӕваг. Фӕсивӕды дисы бафтыдта Хъуыбадыйы дыууӕтӕнон фӕндыр дӕр. Уӕлдай тынгдӕр та сын сӕ зӕрдӕтӕм бахъардта Ханты цагъд.

Скъоладзауты миддунейы ацы урок цы фӕд ныууагъта, уымӕй разыйӕ баззадысты хъӕуы хистӕртӕ ӕмӕ уазджытӕ. Республикӕйы ахуырады министрады ӕмӕ районы ахуырады управленийы минӕвӕрттӕ фембӕлдӕн радтой хорз бӕрӕггӕнӕн.

 

http://alaniatv.ru/ossetiannews/11047-2012-03-21-15-31-03

Комментарии (1)

директор 10.04.2012

Уæлæдарæсæй дæр æмæ зондæй дæр хъæздыг ут! Стыр бузныг нæ уазджытæн æмæ семинар чи бацæттæ кодта, уыцы ахуыргæнджытæн!