01окт2010

День пожилого человека

Архив 2390

«Уœ цард уœд фœзминаг кœстœртœн»

Ацœргœ адœймаг… цœй бирœ, фœлœ цœй гыццыл хъœуы дœуœн дœ зœрдœ барухс кœнынœн. Зœронд адœймаг, дам, сывœллонœй уœлдай нœу – фœлмœн ныхасœй йœм сдзур,баузœл ыл, Œндœр цы хъœуы фœллад зœрдœйы .

 Цœры Ольгинскœйы уœздан, куырыхон ацœргœ адœймаг Цœллагкаты Ирœ. Даргъ œмœ фыдбонджын, фœлœ рœсугъд œмœ кадджын у йœ цардвœндаг. Раджы œрмœууыд Ирœ фœллойы фœндагыл, раджы бавзœрста куысты ад. Ныййарœджы хœсœн, дам, бафидœн нœй. Фœлœ йœ Ирœ œмœ йœ хотœ бафыстой. Сœ ныййарœг мадмœ авд азы дœргъы хуысœн уатмœ фœкастысты, стœй та сœ фыд œруатон œмœ та бирœ азты уымœн фœллœггад кодтой.

Уœдœ чи нœ зоны Ольгинскœйы Цœллагкаты Зифœйы. Сызгъœрин майданимœ каст фœци Зифœ Ольгинскœйы астœуккаг скъола, стœй та Хетœгкаты Къостайы номыл университет. Рœсугъдœй, œгъдауджынœй, ирон œфсармыл хœстœй схъомыл кодта Ирœ йе`фсымœры  чызг Зифœйы. Œмœ  дзы ныр йœ зœрдœ рухс кœны, йœ сœр дзы бœрзœнтты хœсы. Œмœ куыд нœ! Зифœ сси академик. Айхъуыст Зифœйы ном канд Ирыстоны нœ, фœлœ œнœхъœн Уœрœсейы дœр.

 

Комментарии (0)